Кассон аппарат кӕнӕ ивар

© Sputnik / Диана КозаеваКассон аппарат дуканийы
Кассон аппарат дуканийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног закъонмæ гæсгæ, хуссарирыстойнаг амалиуæггæнджытæ хъуамæ 1 июлы онг сæвæрой кассон аппараттæ республикæйы алкæцы базарадон пункты дæр.

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны базарадон системæйы кассон аппаратты фæзынд фæахъаз уыдзæн хъалонфидджыты финансон дисциплинæ фæхуыздæр кæнынæн, загъта Sputnik Фиддонты æмæ хъалонты фæдыл комитеты разамонæг Къацты Вадим.

Ивгъуыд аз республикæйы парламент райста закъон контролон-кассон аппараттæй пайда кæныны фæдыл. 1январы закъон бацыд йæ тыхы. Ныр амалиуæггæнджытæ хъуамæ 1 июлы онг сæвæрой кассон аппараттæ республикæйы алкæцы базарадон пункты дæр. Ацы процессмæ йæ хъус дардзæн хъалонисæн орган.

"Закъон райст æрцыд фæлхасгæнджыты бартæ бахъахъхъæныны æмæ æхцайы фæрæзты æрзылды раст бæрæггæнæнтæ равдисыны нысанæн, цæмæй амалиуæггæнджытæ ма ӕмбæхсой сæ реалон æфтиæгтæ æмæ фидой хъалон", — загъта Къацты Вадим.

Ног системæйæ пайда кæндзысты сæрмагонд æмæ паддзахадон уагдæттæ, кæцытæ адæмæн лæггад кæнынц аргъыл. Уый нымæцы республикæйы мобилон бастдзинады иунæг оператор ЗАО "Остелеком", Югосетнефтепродукт æмæ ма горæты поликлиникæ дæр.

"Амалиуæггæнджытæ, кæцытæ нысангонд æмгъуыдмæ нæ сæвæрой кассон аппараттæ, цæудзысты иваргонд", — загъта комитеты сæргълæууæг.

© Sputnik / Диана КозаеваКассон аппарат Цхинвалы дуканитӕй сӕ иуы
Кассовый аппарат в одном их цхинвальских магазинов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кассон аппарат Цхинвалы дуканитӕй сӕ иуы

Закъоны райстмæ æнæ банхъæлмæгæсгæйæ, Цхинвалы дуканиты цалдæры хицæуттæ сæхи хъæппæрисæй сæ базарадон бæстыхæйтты сæвæрдтой кассон аппараттæ. Ацы дуканиты фæфылдæр фæлхасгæнджыты нымæц. Тедеты Мэрийы ныхæстæм гæсгæ, ахæм бынæттæм адæмæн цæуын æхсызгондæр у, нæ хъæуы уæйгæнæджы алы базайрагы аргъæй фæрсын.

"Бацæуын дуканимæ, райсын къалати æмæ тезгъо кæнын хæлцы радты ‘хсæнты. Фæлхасгæнджытæ тынг райгонд сты — базайраджы алы хуызыл дæр ис фыст йæ аргъ, нал хъæуы рафæрс-бафæрс кæнын уæйгæнджыты. Дæхи хатыс "цивилизацийы хай"-йæ", — дзуры райгондæй Мэри.

Ахæм дуканиты иуы хицау зæгъы, зæгъгæ, ацы аппаратты сæвæрдимæ сæхи æмæ сæ фæлхасгæнджыты цард бæрæг фæрогдæр.

Фæлæ иуæу-иу амалиуæггæнджытæ нымайынц, Хуссар Ирыстоны уавæрты кассон аппаратты сæвæрд кæй нæу актуалон æмæ нысанæмрæст.

"Ацы системæмæ рахыст афтæ æнцон нæу, фыццаг бакастæй куыд зыны. Кассон аппараты саразын хъæуы базайрæгты иумæйаг базæ — уыдон та дуканийы вæййынц фондз мин хуызæй фылдæр, кæцыты æргътæ ивынц арæх", — загъта Sputnik амалиуæггæнæг Гуыцмæзты Шамиль, кæцыйæн ацы ногдзинад слæууыд сæдæгай мин сомы.

Уымæй дарддæр ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, цæмæй ацы аппараттæ æрцæуой æвæрд æмæ сæм дарддæр здæхт уа иудадзыг хъусдард, уый тыххæй бафидын хъæуы цыппор мин сомы. Йæ нымадмæ гæсгæ, уый "уыдзæн ноджы иу коррупцион вариант, кæнæ амалиуæггæнджыты нæ бауаддзысты кусын".

Ныр уал фæлхасгæнджытæ цин кæнынц дуканитæм "цивилизацион бацыд"-ыл, амалиуæггæнджытæ та æнхъæлмæ кæсынц, хъалонисæн органтæ кæд рабæрæг кæндзысты кассон аппаратты хуызæгтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0