Полици ссардта азымы бæлвырдгæнæнтæ чызджы амарыны фыдракæнды

© Sputnik / Дзерасса БиазартиПолицийы кусджытæ фыдракæнды бынаты
Полицийы кусджытæ фыдракæнды бынаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Полици ссардта азымгонды гаражы ӕнæфæцудгæ цæстуынгæ æвдисæнтæ, кæцытæ амонынц, дзæуджыхъæуккаг 22-аздзыд цæрæг кæй амардта14-аздзыд чызджы.

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Дзæуджыхъæуы 22-аздзыд цæрæг 14-аздзыд чызджы кæй амардта, ууыл дзурæг сты æнæфæцудгæ цæстуынгæ æвдисæнтæ, кæцытæ полици ссардта азымгонды гаражы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад.

Марковы уынгыл арæзтадон фæзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыппӕрдӕсаздзыд чызджы марӕг æмбæлд йæ амӕттаджы хоимæ

12 июны горæт Дзæуджыхъæуы Марковы уынгыл цæрæн хæдзæрттæм æввахс, æрдæгарæзт агъуысты ныккæндон бынаты ссардæуыд 14-аздзыд чызджы мард буар тыхмарды миниуджытимæ. Хъуыддаг уæлдай контролмæ райста республикæйы мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков.

МХМ-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, азымгонды раргом кæнын æмæ æрцахсынæн бахъуыд суткæйæ къаддæр.

Уый разынд фæмардуæвæджы 22-аздзыд сыхаг лæппу, кæцы гуырысхо йæхицæй айсыны нысанæн иннæтимæ агуырдта чызджы æмæ йæ амындмæ гæсгæ æрдæгарæзт агъуысты ныккæндон бынаты ссардæуыд чызджы мард буар.

"Æрыгон лæппуйы уæлдай хъуыддагзынд сæвзæрын кодта полицийы кусджытæм дызæрдыгдзинад æмæ сæ сæ профессионалон фæлтæрддзинад нæ фæсайдта. Арæхстджын æрфарсты рæстæджы уый басаст фыдракæнд саразыныл", — хъусын кæны мидхъуыддæгты министрад.

Ног хабӕртты лентӕ
0