Улæфт бонты Хуссар Ирыстоны æрцахстой æртæ арæнсæттæджы

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæАрæнгæрон зонæ
Арæнгæрон зонæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Басгæрсты рæстæджы рабæрæг, фæткхалджытæ кæй сты Гуры районы горæт Карел æмæ хъæу Бершуеты 74-аздзыд, 68-аздзыд æмæ 42-аздзыд цæрджытæ.

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Знауыры æмæ Ленингоры районы æрцахстой гуырдзыстойнаг арæнхалджыты, фехъусын кодтой ПÆК-ы пресс-службæйы.

Ацы мæйы мидæг арæнхъахъхъæнджытæ банысан кодтой республикæйы арæн фехалыны æмæ арæнгæрон зонæтæм бацæуыны режим фехалыны авд цауы. Æдæппæт азы райдианæй æрцахстæуыд 30 фæткхалæджы.

"Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны фадгуытыл, Знауыры районы Балтайы æмæ Ленингоры районы Амдзарины хъæуты цур арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой æртæ гуырдзыстойнаг æмбæстаджы", — загъта пресс-службæйы кусæг.

Басгæрсты рæстæджы рабæрæг, фæткхалджытæ кæй сты 74-аздзыд, 68-аздзыд æмæ 42-аздзыд Гуры районы горæт Карел æмæ Бершуеты хъæуы цæрджытæ.

ПÆК-ы арæнгæрон службæ кусы æрмæджытæ тæрхондонмæ адæттыны фарстыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0