Цæгат Иры мысынц Æгъуызарты Тамерланы

© пресс-служба главы РСО-АÆгъуызарты Тамерлан
Æгъуызарты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æгъуызарты Тамерланы цыртмæ дидинтæ сæвæрынмæ æрбацыдысты хицауады уæнгтæ, горæты цæрджытæ, афтæ ма йæ хиуæттæ æмæ æмгæрттæ.

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Кады аллейы дыццæджы бакодтой цырт республикæйы раздæры сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланæн, хъусын кæны ПТРК "Алани".

Æгъуызарты Тамерлан, кæцы республикæйæн къухдариуæгад кодта 2015 азæй, амард 52-аздзыдæй Мæскуыйы 19 февралы пневмонийы уæззау хуызæй. Абон ыл сæххæст уыдаид 53 азы.

Æгъуызарты Тамерланы цыртмæ дидинтæ сæвæрынмæ æрбацыдысты хицауады уæнгтæ, горæты цæрджытæ, афтæ ма йæ хиуæттæ æмæ æмгæрттæ. Æрæмбырдуæвджыты ныхæстæм гæсгæ, Æгъуызарты Тамерланæн цыбыр æмгъуыдмæ бантыст республикæйы цард аивын. Уымæн бантыст адæмæн ныфс раттын. Хиуæтты номæй адæммæ æрсидт Созиты Тамерлан.

"Æгъуызарты мыггаджы, хиуæтты номæй уын зæгъын стыр бузныг. Хуыцау бахизæд не знæгты дæр ахæм бæллæхæй. Уадз æмæ нæ республикæйы ныллæууа сабырад, адæм кæрæдзи уарзгæйæ цæрой. Уый у иууыл сæйрагдæр", — загъта Созиты Тамерлан.

Республикæйы раздæры сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланæн цырты автор ссис нывгæнæг Владимир Оксанин.

Ног хабӕртты лентӕ
0