Дзӕуджыхъӕуы разынд фесӕфӕг сывӕллӕттӕй сӕ иу

© Sputnik / Сергей Карпов /  Ахизын медиабанкмæДзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныййарджытӕ ӕнӕнхъӕлӕджы амбӕлдысты лӕппуйыл горӕты центры, фӕлӕ уый цӕхгӕр не сразы хӕдзармӕ цӕуын. Уый фӕстӕ ныййарджытӕ бахатыдысты полицимӕ.

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы полици ссардта къуырийы размӕ цы дыууӕ сывӕллоны фесӕфтысты, уыдонӕй иуы, 15-аздзыд Данила Пузиков йӕхӕдӕг алыгъд хӕдзарӕй ӕмӕ фӕстӕмӕ баздӕхыныл нӕ тагъд кодта, хъусын кӕны 15 регион.

Цӕгат Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны къуырийы размӕ фесӕфтысты чызг ӕмӕ лӕппу

Республикон МХМ-ы куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй лӕппуйы ссардтой уголовон фӕдагуырды кусджытӕ, хӕдзармӕ цӕуын ӕй нӕ фӕндыд.

Пузиков ӕмӕ къуырийы размӕ фесӕфӕг, 13-аздзыд Гӕмӕонты Кристинӕ цӕрынц ӕнӕрӕстмӕ бинонты ӕхсӕн. Чызг у педахуыргӕнӕндоны студенткӕ ӕмӕ алыгъд ахуыры рӕстӕджы.

Лӕппуйы ныййарджытӕ кӕнынц фыднозт, бинонтӕ лӕууынц ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл дӕлхайады хыгъдыл.

Данила ӕнӕнхъӕлӕджы 18 июлы куы фесӕфт, уый фӕстӕ йыл йӕ ныййарджытӕ амбӕлдысты Сабырдзинады проспектыл, фӕлӕ лӕппу цӕхгӕр не сразы хӕдзармӕ цӕуын, зӕгъгӕ йӕ "фӕнды ноджы атезгъо кӕнын". Уый фӕстӕ ныййарджытӕ бахатыдысты полицимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0