Джиоты Мурӕт: Хуссар Иры катайы ӕппары НАТО-йы позициты ӕрфидар Гуырдзыстоны

© Sputnik / Нино ПухаеваСопредседатели Женевских дискуссий
Сопредседатели Женевских дискуссий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Женеваг дискусситы радон раунды размӕ Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ ӕрцыдысты ИНО, ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ.

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Босыкты Наталья. НАТО-йы позициты ӕрфидар гуырдзыстоны катайдзинад ӕвзӕрын кӕны Цхинвалмӕ, ам мӕт кӕнынц, ӕмарӕн бӕстӕ кӕй фестдзӕн ӕфсӕддон полигон, загъта ФХМ-ы сӕргълӕууӕг Джиоты Мурӕт Фӕскавказы Ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситы ӕмсӕрдӕрттимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

ИНО, ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ дыццӕджы ӕрцыдысты Хуссар Иырстоны столицӕмӕ, цӕмӕй ӕруынаффӕ кӕной Женеваг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы уӕнгтимӕ ацы мӕйы кӕрон радон раунды боны фӕткыл.

"Регионы сӕ уӕвынад фӕфидардӕр кӕныны фӕдыл НАТО-йы къахдзӕфтӕ мах ӕфтауынц хъуыдыйыл, ныгуылӕны кӕй ис нырма дӕр ахӕм тыхтӕ, кӕцыты фӕнды уынын Гуырдзыстоны се ‘фсӕддон полигонӕй. Ӕз ууыл дзурын, ӕмӕ Гуырдзыстонмӕ ӕрвыст кӕй цӕуы уӕззау техникӕ, гуырдзыстойнаг территорийӕ пайда кӕй цӕуы ӕфсӕддон ахуыртӕн, нал дзурын ууыл ӕмӕ ацы бонты кӕй айхъуыст ӕмӕ Гуырдзыстонмӕ кӕй ис фӕхӕццӕ кӕнын лигъдӕтты Африкӕ ӕмӕ Ӕввахс Скӕсӕнӕй", — банысан кодта Джиоты Мурӕт.

ФХМ-ы сӕргълӕууӕг ма банысан кодта Женеваг дискусситы форматы ахсджиагдзинад Хуссар Ирыстонӕн.

Иугонд нациты организацийы æмсæрдар Антти Турунен банысан кодта, уавæр абаргæйæ кӕй у сабырдæр æмæ стабилондæр, фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, гæнæн ис æмæ кæцыдæр къахдзæфтæ айстӕуой куыд æртхъирæн æмæ сабырдзинад фæцуда.

Встреча сопредседателей Женевских дискуссий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурӕт: Тбилис нӕ уадзы тасуадзӕг риторикӕ Хуссар Иры адресыл

 

"Кæй зæгъын æй хъæуы, фидар гарантитæ нæй, ныр куыд у уавæр, афтæ кæй баззайдзæн. Куыд æмсæрдæрттæ, афтæ мах æмбарæм тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документ бафыссыны тыххæй иу хъуыдымæ тагъддæр æрцæуыны æнæмæнгхъæуæгдзинад. Мах æмбарæм, тыхæй ма спайда кæныны фæдыл цы хъусинаг арæзт æрцæуа, уый фадат ратдзæн æндæр фарстытыл кусынæн, кæцытыл уынаффæ цæуы Женевæйы", — загъта ИНО æмсæрдар.

Турунены ныхæстæм гæсгæ, æмсæрдæрттæ райстой куырдиатты проект хуссарирыстойнаг архайджытæй æмæ æнхъæлмæ кæсынц æндæр архайджытæй æнхъарæнтæм, уый фæстæ бакусдзысты æппæт архайджыты домæнтæм æрæмныхгонд вариантыл.

Уый ма ныфс равдыста, радон раунд, кæцы ацæудзæн марты кæрон, кæй уыдзæн фæстиуæгджын æмæ æппæт уæнгтæ дæр æххæст кæндзысты фæтк.

Ног хабӕртты лентӕ
0