Гранатæйы срæмыгъд Цхинвалы: азымгонды æрцахстой

© Sputnik / Ада БагианЗдание МВД РЮО
Здание МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы МХГУ-йы территорийыл гранатæйы спырх кæнынмæ зæрдæ кæмæ ахсайдта, уый разынд Хуссар Ирыстоны столицæйы 21-аздзыд цæрæг

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ æрцахстой Цхинвалы МХГУ-йы территорийыл гранатæйы спырх кæныны хъуыддагмæ зæрдæ кæмæ ахсайдта, уыцы гоймаджы, фехъусын кодтой Sputnik республикæйы МХМ-ы пресс-службæйы.

Ночной Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гранатæ спырх ис мидхъуыддæгты цхинвайлаг управленийы

Уæлвæткон цау æрцыд хуыцаубоны 23.15сахатыл. Ведомствæйы зонæнтæм гæсгæ, гранатæ спырх МХГУ-йы ивар-фæзуаты.

"Азымгонды æрцæхстой МХГУ-йы управленийы сыхаг уынгыл управленийы кусджытæ сæхæдæг. Уый разынд 21-аздзыд цхинвайлаг лæппу, ныртæккæ ис слестгæнæн изоляторы, цы ран йемæ уагъд цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ", — загътой МХМ-ы пресс-службæйы.

МХМ сгары, фыдгæнæг иунæгæй архайдта æви нæ. Уагъд цæуынц агурæн мадзæлттæ, кæд ын æмархайæг уыд, уæд уый гоймагдзинад сбæлвырд кæныны фæдыл, бафтыдтой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0