ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Цыппар сириаг нывгæнæджы куыстыты равдыст ацæудзæн 30 марты Цхинвалы ПККЗ "Чермен" —ы, фехъусын кодтой Sputnik культурæйы министрады пресс-службæйы.
Равдысты уазджытæ фендзысты Дамаскаг университеты ахуыргæнджытæ Эльяс Айюб, Сохи Саллум, Аззи Руа æмæ Ихлас АлФакихы куыстытæ.
"Экспозицийы ис куыстытæ экспрессионизм æмæ импрессионизмы стильты. Уазджытæн цымыдисон уыдзысты цард, мæлæт æмæ хæсты темæйыл фыст нывтæ", — загъта уагдоны пресс-секретарь Остъаты Мӕдинӕ.
Мадзал организацигонд цæуы культурæйы министрад æмæ Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны минæварады тыхтӕй.