ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æвзарынц 2017 азы хуыздæр ахуыргæнæджы мадæлон æвзаг ӕмӕ литературӕйӕ, хъусын кæны РЦИ-А архуырады министрады сайт.
Конкурсы архайынц ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Ӕрыдон æмæ Алагирæй, стæй ма Кировы æмæ Рахиздонбыл районтæй.
"Ирон æвзаджы ахуыргæнджыты æхсæн аккагдæрты бæлвырд кæндзысты сæ презентацитӕм гæсгæ, ахæм темӕйы фæдыл: "Мӕ бӕстӕ, ме скъола, мӕ профессионалон архайд", стæй ма ныффысдзысты уац "Мӕ педагогикон хъуыдыахаст", — дзырдæуы хъусинаджы.
Жюрийы сконды сты Цæгат Ирыстоны ахуырады фадыджы квалификаци фæбæрзондӕр кæныны институты, Х. Къостайы номыл ЦИПУ, ЦИППИ минæвæрттæ, стæй ма ирон æвзаджы сгуыхт ахуыргæнджытæ.