Ростовы тæрхондоны æруынаффæ кæндзысты Гæджиты Асланы хъуыддаджы фæдыл

© UkrPostРостовы тæрхондоны æруынаффæ кæндзысты Гæджиты Асланы хъуыддаджы фæдыл
Ростовы тæрхондоны æруынаффæ кæндзысты  Гæджиты Асланы хъуыддаджы фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 авг - Sputnik. Ростовы хуссайраг зылдон æфсæддон тæрхондон дыццæджы ауадздзæн уынаффæтæ Уæрæсейы иууыл стырдæр киллерты къордтæй иуы сæргълæууæг Гæджиты Асланы (Джахъо) хъуыддаджы фæдыл, хъусын кæны дыццæджы РИА Новости тæрхондоны минæварадмæ æрвитæнимæ.
"Хъуыддаджы фæдыл уынаффæтæ æрнысан кодтой 22 августы Мæскуыйы рæстæгмæ гæсгæ 10.00 сахатмæ", - загъта агентады ныхасæмбал.
Фæдагуырды версимæ гæсгæ фыдгæнæг сарæзта Цæгат Ирыстоны æртæ гарзджын къорды, цæмæй "æрфидар кæна тыхджындæр бынат криминалон æхсæнады", йæ къухдариуæгады бын уыд æппын къаддæрæй 50 фыдгæнæджы.
Гæджиты Аслан уыд æхсæнадон агуырды 2014 азы февралы мæйæ, 2015 азы йæ æрцахстой Венæйы, æмæ экстрадицигонд æрцыд Уæрæсемæ 2018 азы. Фæстæдæр Уæлдæр Тæрхондоны скъуыддзагмæ гæсгæ, хъуыддаг радтой Ростовы Æфсæддон тæрхондонмæ. Джахъомæ æнхъæлмæ кæсы цæрæнбойнон ахæст.
Ног хабӕртты лентӕ
0