Æбар автоледи ныппырх кодта фондз хæдтулгæйы Дзæуджыхъæуы

© Photo : Пресс-служба МВД РФ по РСО-АÆбар автоледи ныппырх кодта фондз хæдтулгæйы Дзæуджыхъæуы
Æбар автоледи ныппырх кодта фондз хæдтулгæйы Дзæуджыхъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2023
Рафыссын
ВЛАДИКАВКАЗ, 23 авг – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Фæсарæнты уагъд хæдтулгæйы скъæрæг 33-аздзыд сылгоймаг нæ сарæхсти æмæ баскъæрдта Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуыл лæууæг машинæтыл, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны МХМ пресс-службæ.
ФТЦ æрцыд дыццæджы Чкаловы уынгыл изæры фондз сахатмæ æввахс.
"Æрцæугæ цауы бынатмæ рацæуæг ПАИ кусджытæ сбæрæг кодтой, аххосджын кæй сбадти рулыл æнæ бартæй. Медицинон басгæрст не ᾿руагъта. Аварийы фæстиуæгæн æртæ автомобилы райстой егъау æвгъæлд, дыууæ та – чысыл цæфтæ", - банысан кодтой МХМ.
Аварийы аххосджыны ныхмæ сарæзтой административон протокол медицинон басгæрстыл кæй не сразы æнæ бартæй хæдтулгæ скъæрыны рæстæджы. Йæ хæдтулгæ æрцыд ист æмæ æрвыст иварлæууæнмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0