Аст хъӕбысӕйхӕцӕджы Ирыстонӕй хайад райсдзысты ӕвзарӕн турниры 2024 азы Олимпиадӕмӕ

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæОлимпиадӕ
Олимпиадӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Аст спортсмены Ирыстонӕй стох кӕндзысты олимпимаг лицензитыл европӕйаг квалификацион турниры 5-7 апрелы Бакуйы (Азербайджан).
Европӕйы цыппар хатты чемпион Салхъазанты Таймураз, кӕцы хъахъхъӕны Словакийы спортивон кад, бафӕлвардзӕн рамбулын олимпиаг лицензи 74 кг уӕзы категорийы.
Турниры 86 кг уӕзы категорийы ралӕудзысты ӕртӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы – Европӕйы ӕртӕ хатты чемпион Найфонты Артур (Уӕрӕсе), 2018 азы дунейы чемпионаты бронзӕйон призер Фриаты Таймураз (Испани) ӕмӕ дунейы ӕмӕ Европӕйы ӕвзист призер Махъоты Борис (Словаки).
Европӕйы ӕхсӕз хатты призер Байцаты Владислав (97 кг) ӕмӕ ХПӔ бӕстӕты дыууӕ хатты уӕлахиздзау Хуыбылты Ален (125) бафӕлвардзысты рамбулын лицензитӕ Олимпиадӕмӕ Венгри ӕмӕ Болгарийӕн.
Афтӕ ма Бакуйы ӕвзарӕн турниры хайад райсдзӕн Уӕрӕсейы дыууӕ хатты чемпионкӕ Кӕсӕбиты Алина (62 кг) ӕмӕ дунейы ӕмӕ Европӕйы бронзӕйон призер Сербийы командӕйы сконды Тыбылты Георгий (греко-римаг хъӕбысхӕст, 60 кг).
Бакуйы европейаг квалификацион турниры хайад исдзысты 300-йӕ фылдӕр спортсмены. Олимпиаг лицензитӕ рамбулынӕн хъӕбысӕйхӕцджыты хъӕудзӕн ахизын ерысты финалтӕм.
Ног хабӕртты лентӕ
0