Гаглойты Алан раарфæ кодта Тыбылты Леонидæн йæ райгуырæн боны цытæн

© Sputnik / Сергей Гунеев /  Ахизын медиабанкмæТыбылты Леонид
Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта республикæйы æртыккаг президент Тыбылты Леонидæн йæ райгуырæн боны цытæн, фехъусын кодта цыппæрæмы республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.
Телефонæй ныхасы рæстæджы Гаглойты Алан бахахх кодта, Тыбылты Леонид кæй бахаста егъау хайбавæрд республикæйы паддзахаддзинад сфидар кæнынмæ æмæ йын уый фæдыл Хуссар Ирыстоны адæм кад кæнынц.
Республикæйы сæргълæууæджы зæрдæ загъта Тыбылты Леонидæн фидар æнæниздзинад æмæ хæрзæбон.
Ног хабӕртты лентӕ
0