Цхинвалы дыууæ цæрæджы чи фехста, уый барвæндонæй бацыд милицимæ – МХМ

© Сетевое издание "Только что"Макаровы пистолет
Макаровы пистолет - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 апр - Sputnik. Цхинвалы цæрæг, кæцы фехста горæты дыууæ цæрæджы, барвæндонæй бацыд горæты мидхъуыддæгты хайадмæ, фехъусын кодта цыппæрæмы Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй 17 апрелы изæры Цхинвалы дыууæ цæрæджы фехстой æмæ сæ бакодтой рынчындонмæ, МХМ райдыдта агурын ацы фыдракæндты зæрдæхсайгæты.
"Æвзонг нæлгоймаг фехъусын кодта, 17 апрелы кæй фехста столицæйы дыууæ цæрæджы. Ацы фыдракæнды зæрдæхсайгæ радта барадхъахъхъæнджытæн Макаровы пистолет", - банысан кодтой уагдоны.
Уый размæ ацы цауы фæдыл МХМ фæдагуырды фæткдаруат бакодта уголовон хъуыддаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0