Хуссар Иры бацӕттӕ кодтой Згъудеры уӕлмӕрдмӕ фӕндаг асфальт кӕнынмӕ

© Sputnik / Аманда ТомаеваХуссар Иры бацӕттӕ кодтой Згъудеры уӕлмӕрдмӕ фӕндаг асфальт кӕнынмӕ
Хуссар Иры бацӕттӕ кодтой Згъудеры уӕлмӕрдмӕ фӕндаг асфальт кӕнынмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕндагарӕзтады комитет бацӕттӕ кодта Згъудеры уӕлмӕрдмӕ фӕндаг асфальт кӕнынмӕ. Уый тыххӕй журналисттӕн радзырдта комитеты разамонӕг Гӕбӕраты Алан.
Уагдон куыстытӕм бавнӕлдта ӕртӕ къуырийы размӕ, фӕндагарӕзтад цӕуы президент Гаглойты Аланы хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
"Куадзӕнмӕ хъуамӕ фӕуӕм куыст, уый тыххӕй нӕ техникӕ иууылдӕр кусы уым. Ныридӕгӕн цӕттӕ кӕнынц асфальт ӕвӕрынмӕ. Цифрӕтӕй дзургӕйӕ нӕ бахъӕудзӕн мин тонны бӕрц асфальт, цӕмӕй саразӕм дыууы километры бӕрц фӕндаг. Ныр цӕрджыты нӕ хъӕудзӕн ПАИ-йы постыл ӕрзилгӕйӕ цӕуын уӕлмӕрды ног хаймӕ", - загъта уый.
Уый ма бафиппайдта, сӕйраг фӕндагӕй дарддӕр, кӕцы хъуамӕ ӕрцӕуа асфальт, арӕзт ӕрцыдысты фӕрсаг фӕндӕгтӕ дӕр, уым та ныккодтой хуыр.
Ног хабӕртты лентӕ
0