Хуссар Иры ссардтой Стыр Фыдыбæстон хæсты амæттæгты рухс нæмттæ

© Мария СанакоеваХуссар Иры ссардтой Стыр Фыдыбæстон хæсты амæттæгты рухс нæмттæ
Хуссар Иры ссардтой Стыр Фыдыбæстон хæсты амæттæгты рухс нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цхинвалы Уæлахизы боны 79-æм афæдзы боны хæдразмæ ацыд Кады Гирляндæ сæвæрыны бæрæгбонон церемони Æнусон арты раз.
Стыр Фыдыбæстон хæсты амæттæгты рухс нæмттæ ссарынмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, министрадтæ æмæ уагдæтты разамонджытæ, парламенты депутаттæ, тыхон структурæты кусджытæ, афтæ ма республикæйы æхсæнады минæвæрттæ.
Президент æмæ акцийы хайадисджытæ сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинтæ Æнусон артмæ, уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæ ссардтой Стыр Фыдыбæстон хæсты амæттæгты рухс нæмттæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.
Хуссар Ирыстонӕй хӕстмӕ ацыд 22 мин адӕймаджы бæрц, уыдонӕй 11 316 фӕмард сты хӕсты, 7 мин фесӕфтысты ӕбӕрӕгӕй.
© Мария СанакоеваХуссар Иры ссардтой Стыр Фыдыбæстон хæсты амæттæгты рухс нæмттæ
Церемония возложения Гирлянды Славы и Памяти у Вечного огня - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.05.2024
Хуссар Иры ссардтой Стыр Фыдыбæстон хæсты амæттæгты рухс нæмттæ
Ног хабӕртты лентӕ
0