Нывгӕнӕг Чилӕхсаты Магрез ссис Хетӕгкаты Къостайы премийы лаурет Цӕгат Ирыстоны

© Sputnik / архивное фотоНывгӕнӕг Чилӕхсаты Магрез
Нывгӕнӕг Чилӕхсаты Магрез - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аивады фадыджы иууыл хуыздӕрыл нымад ӕрцыдысты нывгӕнӕг Чилӕхсаты Магрезы куыстытӕ ӕмӕ фыссӕг Ӕгънаты Константины радзырд "Темыры кӕстӕр чызг".

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Хуссарирыстойнаг нывгӕнӕг Чилӕхсаты Магрез ссис Хетӕгкаты Къостайы премийы лаурет Цӕгат Ирыстоны, йӕ куыстытӕ нымад ӕрцыдысты аивады ацы хуызы иууыл ӕнтыстджындӕртыл, хъусын кӕны 15 регион.

Литературӕ ӕмӕ аивады фадыджы Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми РЦИ-А фидар ӕрцыд 1999 азы. Къостайы преми дыууӕ аз иу хатт лӕвӕрд цӕуы Хуссар Ирыстоны дӕр 2009 азӕй фӕстӕмӕ.

"Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы премийы фӕдыл къамисы рабадты сусӕг хъӕлӕсӕппӕрсты фӕстиуӕгӕн ма преми райста фыссӕг Ӕгънаты Константин дӕр. Йӕ уацмыс "Темыры кӕстӕр чызг" литературӕйы фадыджы нымад ӕрцыд иууыл аивдӕрыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма къамисы рабадты уынаффӕ цыд, цӕмӕй сӕрмагонд преми лӕвӕрд ӕрцӕуа ирон иртасджыты къордӕн РХИ фыццаг президент. ахуыргонд Цыбырты Людвигы сӕргълӕудӕй сӕ зонадон проект "Ирон этнографион энциклопеди"-йы тыххӕй. Ацы фарст скуыддзаг кӕнынмӕ ӕрвыст ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Ӕгъуызарты Тамерланмӕ.

Ӕгъуызарты Тамерланы барамындмӕ гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны ацы аз Къостайы премийы бӕрц схызт 250 мин соммӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0