Сывӕллӕтты хъазæнтæ сдзырдтой иронау

© Sputnik / Дзерасса БиазартиСывӕллӕтты хъазæнтæ сдзырдтой иронау
Сывӕллӕтты хъазæнтæ сдзырдтой иронау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъазӕнты фӕрцы сабитæ ахуыр кæндзысты ирон æвзаг. Ӕрмдæсны Дзалаты Элонæ хъазӕн тæрхъустæ æмæ æрсыты сдзурын кодта иронау.

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik. Сабитӕн хъазӕнты руаджы фадат фӕцис сахуыр кӕнын мадӕлон ӕвзаг. Дзӕуджыхъӕуккаг æрмдæсны Дзалаты Элонæ хъазӕн тæрхъусты æмæ æрсыты сдзурын кодта иронау, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Хъазæнтæ хъæрæй нæ дзурынц, афтæ арæзт сты уымæн, ӕмӕ цæмæй сывæллон ирон музыкæйы зæлтæм, кæнæ алолаймæ хъусгæйæ, бафынæй уа.

"Иронау чи дзуры, ахæм тæрхъустæ æмæ æрсытæ цины æнкъарæнтæ æвзæрын кæнынц канд сабитæм нæ, фæлæ хистæртæм дæр. Иронау кæсынц æмдзæвгæтæ, кæнынц зырджытæ æмæ цæгъдынц националон мелодитæ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕрмдæсныйы фӕндмӕ гӕсгӕ, фидӕны иронау сдзурын кӕндзысты рувӕстæ æмæ бирæгъты, нанатæ æмæ бабаты дӕр.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиДзалаты Элонæ qӕ хъазӕнимӕ
Элона Дзалаева со своими игрушками. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзалаты Элонæ qӕ хъазӕнимӕ

Дзалаты Элонæ ӕппæт куыстытæ дæр къæны къухæй. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтæмæй иу бонмæ саразы иу хъазæн.

Æрсытæ æмæ тæрхъустæ дзурынц æрыгон актертæ Тедеты Натия æмæ Токаты Зауырбеджы, стæй ирон æвзаджы ахуыргæнæг Цæразонты Мæдинæйы хъæлæстæй. Музыкæ ныффыста ансамбль "Къонайы" разамонæг Берозты Таймураз.

Ног хабӕртты лентӕ
0