Цӕгат Ирыстоны скъолаты расидтысты карантин

© Sputnik / Дзерасса БиазартиСкъола Цӕгат Ирыстоны
Скъола Цӕгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны дыууӕ хатты фӕфылдӕр ис гриппӕй рынчынты нымӕц. Ӕртыццӕджы скъолатӕ ӕхгӕнынц карантины.

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны скъолатӕ расидтысты карантин Уӕрӕсейы фӕлхасгӕнджыты барты фӕдыл цӕстдарды уагдоны рекомендацимӕ гӕсгӕ. Йӕ аххосаг у, республикӕйы дыууӕ хатты кӕй фӕфылдӕр ис гриппӕй рынчынты нымӕц, хъусын кӕны 15 регион.

Дыццӕджы 15 регион куыд фехъусын кодта, афмӕй 2009 азы цы тӕссаг вирус A(H1N1) апарахат ис, уый та ногӕй фӕзынд Цӕгат Ирыстоны.

"Лабораторон уавӕрты фидаргонд ӕрцыд, Цӕгат Ирыстоны грипп A(H1N1) кӕй бахӕцыд 39 адӕймагыл, уыдон ӕхсӕн 10 сывӕллоны. Ацы грипп ма фӕзынд ивгъуыд аз февралы мӕйы дӕр", — загъта Цӕгат Ирыстоны фӕлхасгӕнджыты барты фӕдыл цӕстдарды уагдоны хистӕр Тыбылты Алан.

Цӕгат Ирыстоны скъолатӕ ӕхгӕд ӕрцӕудзысты ӕртыццӕджы ӕмӕ нӕ кусдзысты къуырийы кӕронмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0