Дзæуджыхъæуы тыхдымгæ афæлдæхта 13 бæласы

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæТыхдымгæ
Тыхдымгæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Карз дымгæйы фæстиуæгæн Дзæуджыхъæуы цæрджыты иу хай аззад æнæ рухсæй, афтæ ма афæлдæхдысты цалдæр бæласы дæр.

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Дзæуджыхъæуы тыхдымгæ афæлдæхта 13 бæласы, фехъусын кодтой 15 регионæн Цæгат Ирыстоны иумæйаг радгæсон-диспетчерон службæйы.

Бæлæстæ афæлдæхдысты Ватутины, Коцойы фырты æмæ Тамайы фырты уынгтыл, афтæ ма Хетæгкаты Къостайы номыл централон парчы дæр.

"Кæцыдæр бæлæстæ бахъыгдардтой электрохызæджы хæххытæ", — банысан кодтой службæйы.

Абайты Уасойы уынгыл та бæлас æрхаудта машинæйыл.

Цæгат Ирыстоны иумæйаг радгæсон-диспетчерон службæйы банысан кодтой, цæрджытæ кæй тыхсынц æнæ рухсæй.

Æрдзон стихийы фæстиуджытæ аиуварс кæныны тыххæй аварион — æндидзæн куыстытæ æххæст цæуынц дыккаг бон.

Ног хабӕртты лентӕ
0