РЦИ-А сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕндзӕн Битарты Вячеслав

© FacebookБитарты Вячеслав
Битарты Вячеслав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг йӕ цардӕй ахицӕн майрӕмбоны Мӕскуыйы клиникӕтӕй сӕ иуы, развӕлгъау куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй Ӕгъуызарты Тамерлан амард пневмонийӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Рӕстӕгмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕндзӕн республикӕйы хицауады сӕрдар Битарты Вячеслав, фехъусын кодта РИА Новости хицауады минӕвар.

"Рӕстӕгмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕндзӕн хицауады сӕрдар Битарты Вячеслав. Ныридӕгӕн уал уавӕр афтӕ у, ӕвӕццӕгӕн, фӕстӕдӕр уыдзӕн ивындзинӕдтӕ", — загъта агентады ныхасæмбал.

Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг йӕ цардӕй ахицӕн майрӕмбоны Мӕскуыйы клиникӕтӕй сӕ иуы. Развӕлгъау куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй Ӕгъуызарты Тамерлан амард пневмонийӕ.

Цӕгат Ирыстоны хицауады хӕдзары сӕрмӕ тырыса ӕруагътой, ӕввахс рӕстӕджы рахӕсдзысты уынаффӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнынаджы бонмӕ бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ аивыны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0