Беслӕны цур аварийы бахауӕг шофыр куыста ӕнӕзакононӕй

© Sputnik / Алана СабееваПострадавшие в ДТП на трассе Владикавказ-Беслан
Пострадавшие в ДТП на трассе Владикавказ-Беслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон къазнӕйон управленийы къухдариуӕггӕнӕг Сергей Дьяковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕлегалон компанитӕ арӕх экономи кӕнынц кусджытыл ӕмӕ халынц ӕдасдзинады ӕндӕр домӕнтӕ.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы транспорты министрады регулярон ӕхсӕнадӕмон автобусон маршрутты реестры Цӕгат Ирыстоны ФТЦ-ы бахауӕг автобусы хицау-компанийы тыххӕй ницы зонӕнтӕ ис, хъусын кӕны Паддзахадон къазнӕйон управленийы пресс-службӕ.

"Автобус рараст Мӕскуыйӕ 13 октябры. Горӕттаг автовокзалы ацы рейсы тыххӕй информаци ис. 14 октябры райсомӕй Цӕгат Ирыстоны трассӕйыл автобус сӕмбӕлд уӕзласӕн машинӕ Scania-йыл. Салоны уыд 52 пассажиры, ныртӕккӕ нӕм ис иформаци 5 фӕмардуӕвӕджы ӕмӕ 27 зианбаййафӕджы фӕдыл", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Паддзахадон къазнӕйон управленийы къухдариуӕггӕнӕг Сергей Дьяковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм ФТЦ ма ӕрцыд Тулӕйы областы.

Авария на трассе Владикавказ-Беслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фондз адӕймаджы фӕмард сты, 27 баййӕфтой зиан аварийы Цӕгат Ирыстоны

Мӕскуыйӕ Ереванмӕ рацӕугӕ ӕнӕзаконон рейс бахауд аварийы: шофыр афынӕй рулыл. Фӕстӕдӕр рабӕрӕг, уый кӕй нӕ хъахъхъӕдта улӕфты ӕмӕ куысты режим, цӕй фӕстиуӕгӕн фӕмард 9 адӕймаджы, ноджы ма 46-ӕн та ӕрхастӕуыд зиан.

"Ӕнӕлегалон компанитӕ арӕх экономи кӕнынц кусджытыл ӕмӕ халынц ӕдасдзинады ӕндӕр домӕнтӕ", — банысан кодта Дьяков.

Рейсон бӕлццон автобус Мӕскуы — Ереван сӕмбӕлд уӕзласӕн машинӕйыл райсом цыппар сахатмӕ ӕввахс Цӕгат Ирыстоны Рахизфарс районы. Аварийы рӕстӕджы фӕмард сты фондз адӕймаджы, 27 сты рынчындоны. Уыдонӕй цыппар сты сывӕллӕттӕ 10-15 азы кары. Рынчындӕтты ис 9 адӕймаджы. Беслӕны культурӕйы хӕдзары баконд ӕрцыд рӕстӕгмӕ ӕрбынаты пункт, уым уал уыдзысты медицинон ӕххуыс кӕй нӕ хъӕуы, уыдон. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ФТЦ-ы зианбаййафджытӕн сӕ фылдӕр сты Сомихстоны цӕрджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0