Цæгат Ирмæ ӕрластой Серафим Саровскийы сыгъдӕг буары хӕйттӕ

© Sputnik / Дзерасса Биазарти Икона с частицей мощей в Кафедральном соборе Георгия Победоносца
Икона с частицей мощей в Кафедральном соборе Георгия Победоносца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стæгдары хайтты ӕрбаласт уыд нывонд Цӕгат Ирыстоны Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кувӕн къуырийӕн.

ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Цæгат Ирыстонмæ фӕхæццæ кодтой Серафим Саровскийы сыгъдӕг буары хӕйттӕ — Ирыстоны чырыстæттæ Саровскийы хистæрæн кæддæриддæр стыр кад кодтой. Сыгъдӕг буары хӕйттимӕ уазныв лӕвӕрд ӕрцыд Нижегородский бæстуаты Серафимо-Дивеевский сылгоймæгты моладзандонӕй Нижегородаг æмæ Арзамасаг митрополит Георгийы фӕдзӕхстӕй.

Стæгдары хӕйтты ӕрбаласт уыд нывонд Цӕгат Ирыстоны Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кувӕн къуырийӕн.

Реликви фӕхӕццӕ ис Ирыстонмӕ къуырисӕры, Дзӕуджыхъӕуы аэропорты уазнывимӕ бортыл сӕмбӕлдысты цӕгатирыстойнаг динамонджытӕ, журналисттӕ ӕмӕ рӕстдинонтӕ. Уазныв ӕрласынмӕ ацыдысты республикæйæ делегаци, йæ сæргъы — Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Леонид, парламенты спикер Алексей Мачнев, алайнаг моладзандонты динамонджытӕ, моладзан Нонна (Багаты), Стефан (Дзугкойты).

"Ацы диссаджы кувынаккаг абон æрхæццæ ис нæ сыгъдæг Алайнаг зæхмæ. Серафим Саровский у номхæссæны Хуыцаумæ кувæг æмæ нæ фыдыбæстæйы зæххыл æмæ чырыстон диныл аудæг. Фыд Серафимы куывд æмæ йæ уæвынадæй алайнаг зæххыл стыр ныфсытæ æвæрæм", — радзырдта епископ Леонид.

Серафимаг-Дивееваг моладзандоны игуменья Сергия уазнывмӕ ӕрцӕуӕг делегацийы уӕнгтӕн радзырдта, Дивееваг моладзандоны кӕй кувынц сыгъдӕг Алайнаг зӕххы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ ӕрвылаз дӕр Дивеевомӕ цӕуы тынг бирӕ къахдзауты нымӕц Ирыстон-Аланийӕ. Игуменья ма бафиппайдта, моладзандоны чырыстон хотӕй иу кӕй у ирон.

Уазныв бацахсдзæн йе ‘нæивгæ æвæрдады бынат Дзӕуджыхъӕуы сӕйраг аргъуаны.
Члены североосетинский делегации в Дивеевском монастыре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уазныв бацахсдзæн йе ‘нæивгæ æвæрдады бынат Дзӕуджыхъӕуы сӕйраг аргъуаны.

Сыгъдæг уды ныв буары хӕйттимӕ ӕвӕрд уыдзӕн сыгъдæг Уæлахизхæссæг Георгийы кафедралон кувæндоны. Ам кувынаккаджы номыл бæрæгбонон скуывды уыйбæрц адæм уыд, æмæ аргъуаны къух бакæнæн дæр нæ уыд. Ӕввахс рӕстӕджы уазныв æрзилдзæн республикæйы аргъуантыл. Уый фæстæ кувынаккаг бацахсдзæн йе ‘нæивгæ æвæрдады бынат Дзӕуджыхъӕуы сӕйраг аргъуаны.

Серафим Саровский рагæй фæстæмæ дæр канд уæрæсейаг армдарæг нæу. Йе стæгдары хæйттæ фенæн ис æппæт дунейы аргъуанты дæр, æрæджы та сыгъдæг Уды ныв стæгдары хаимæ уыд космосы дæр. Sputnik уацхӕссӕгӕн куыд фӕбӕрӕг, афтӕмӕй тагъд рӕстӕджы Ирыстонмӕ ӕрцӕудзӕн ноджы ма иу ахӕм кувынаккаг Серафим Саровскийы уазнывимӕ, кӕцы ныр та лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн Нӕлгоймӕгы Алайнаг моладзандонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0