Цæгат Иры Цъæйы курорт суыдзæн зæрдæмæдзæугæдæр туристтæн

© Sputnik / Михаил ХасиевГорнолыжная трасса в Цее
Горнолыжная трасса в Цее - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Туристты Цъæймæ раздахыны нысанæн Цæгат Ирыстоны хицæуттæ сцалцæг кæндзысты курортмæ бацæуæн фæндаг æмæ айсдзысты Буроны ПАИ-йы пост, афтæ ма аскъуыддзаг кæндзысты инфраструктурон проблемæтæ Алагиры районы

ЦХИНВАЛ, 3 апр — Sputnik, Болататы Алина. Цæгат Ирыстоны хицæуттæ аскъуыддзаг кодтой саразын Цъæйы курорт зæрдæмæдзæугæдæр туристтæн. Уый нысанæн республикæйы Алагиры районы нывæндынц сцалцæг кæнын бацæуæн фæндаг курортмæ, аскъуыддзаг кæнын проблемæтæ донифтонгадимæ, фыццаджыдæр та — срæвдз кæнын æнæкъуылымпы электроифтонгад. Уымæй дарддæр, курорт хъæуы сифтонг кæнын медицинон æххуысы пункттæй, сыгъдхуыссынгæнæн постæй, интернет-бастдзинадæй.

Аргъ æмæ гъæды æнæмбæлондзинад

Алагиры районы сæргълæууæг Бутаты Арсены хъуыдымæ гæсгæ, курорты æргътæм ис фарстытæ. Уый нæу æнæдызæрдыг, "хæххон-рекреацион комплексы лæггæдты аргъ кæй у æмбæлон сæ гъæдæн".

"Ис фаутæ æргътæ æмæ лæггæдты фæдыл… Уыимæ иумæ, абоны Цъæйы курорты цы лæггæдтæй ис фадат спайда кæнын, уыдон банымайæн ис æнгуылдзтыл. Сæйраджыдæр — къахдзоныгътыл тезгъо кæнын. Фенын æрдзы рæсугъддзинæдтæ. Ӕмæ ууыл фæцис. Ахæм сервисæй туристты æрбангом кæнын зын у", — банысан кодта районы сæргълæууæг.

Цъæймæ фæндаг сцалцæг кæндзысты

Буронæй Цъæйы онг фæндаджы фадыг сцалцæг кæндзысты сæрды кæронмæ, фехъусын кодта республикæйы фæндагон комитеты сæргълæууæг Солиты Тариэль. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæндаг цæттæ уыдзæн 15 августмæ.

Лери Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры равзæрстой къахкъӕлӕттыл бырынӕн фыццаг курорты бынат

Трассæйы цалцæгæн федералон бюджетæй рахицæн æрцыд 50 млн сомы.

"Фæлæ уыцы суммæ фаг нæу, цæмæй хæрзарæзт æрцæуа æнæхъæн фадыг, уымæ гæсгæ баззайгæ скъуыддзаг — фæндаджы 9 км цалцæг æрцæудзæн æндæр фæрæзты фæрцы", — дзуры Цæгат Ирыстоны Фæндагон комитеты сæргълæууæг.

Уымæй дарддæр ма æвæрд æрцæудзысты лæууæндæттæ. Ӕмбæлон органтæн бахæсгонд æрцыд, цæмæй аскъуыддзаг кæной лæууæндæтты бынæттæ. Хицауады сæрдар Тъускъаты Таймураз банысан кодта, лæууæндæтты бынæттæ кæй хъуамæ уой æнцонвадат, куыд уазджытæн, афтæ Цъæйы цæрджытæн дæр.

ФПС-йы пост айсдзысты

Туристты æнцойдзинады тыххæй айсдзысты Буроны цур ФПС-йы пост. Уый аиуварс кæндзысты дыууæ мæйы æмгъуыдмæ.

Уыимæ иумæ нысан цæуы, уыцы хъуыддаг фæндаджы æдасдзинадыл кæй нæ бандавдзæн — фæндаджы ацы фадыгыл радгæсад хæсдзæн ФПС-йы змæлгæ пост.

Ног хабӕртты лентӕ
0