Мæздæджы срæмыгъды зиан баййæфта полицæйаг, СК бакодта уголовон хъуыддаг

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæАвтомобиль следственного комитета СК РФ
Автомобиль следственного комитета СК РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
СК зонæнтæм гæсгæ, барадхъахъхъæнæг органты кусæг цы æмбæстаджы æрурæдта, уый йын йæ кусæгон машинæйы спырх кодта гранатæ

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik. Барадхъахъхъæнæг органты кусæг зиан баййæфта автомашинæйы спырхы рæстæджы Мæздæджы, УФ СК Слестгæнæн управлени бакодта уголовон хъуыддаг, хъусын кæны ведомствæйы пресс-службæ.

СК-ы радзырдтой инциденты лæстæг хæйттæ.

Работа полиции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Срæмыгъд Цæгат Ирыстоны: фæмард адæймаг

"2017 азы 7 апрелы 12.30 сахаты Мæздæджы районы Калининскийы поселочы барадхъахъхъæнæг органты кусæг æрурæдта 25-аздзыд бынæттон цæрæджы æнæзаконон архæйдты тыххæй æмæ йæ сбадын кодта кусæгон машинæ "Лада Приора"-йы. Фæндагыл цæугæйæ, машинæйы нæлгоймаг спырх кодта гранатæ. Райсгæ цæфтæй уый амард рынчындоны, зианбаййафæг та уæззау уавæры ис Мæздæджы районы медицинон уагдоны, цы ран уымæн кæнынц æнæмæнгхъæуæг æххуыс ", — хъусын кæны СК.

Баконд æрцыд уголовон хъуыддаг УФ УК 317-æм статьямæ гæсгæ (барадхъаггæнæг органты кусæджы цардæн тасхæссæг архайд).

Ныртæккæ уагъд цæуынц слестгæнæн архæйдтытæ, кæцытæ сты здæхт фыдракæнды æууæлтæ иууылдæр сбæлвырд кæнынмæ. Дарддæр кæны уголовон хъуыддаджы равзæрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0