Цæгат Иры цæрæджы æрцахстой Калашниковы автоматтæ уæй кæныны тыххæй

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæАвтоматы системы Калашникова
Автоматы системы Калашникова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæ æрцахстой бынæттон цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайы республикæйы территорийыл хæцæнгарз уæй кæныны хъуыддагмæ, æнæзаконон зилдухæй ист æрцыдысты æртæ Калашниковы автоматтæ æмæ нæмгуытæ

ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik, Болататы Алина. Цæгат Ирыстоны ӔФС æмæ уголовон агуырды кусджытæ æрцахстой Сунжæйы хъæуы 40-аздзыд цæрæджы хæцæнгарз æнæзакон æгъдауæй уæй кæныны тыххæй, хъусын кæны республикæйы МХМ-ы пресс-службæ.

Автомобиль полиции. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пенсиисæг Цæгат Ирыстоны йæхимæ дардта хæцæнгарз нæмгуытимæ

Ведомствæйы зонæнтæм гæсгæ, полицийы кусджытæ сбæрæг кодтой, нæлгоймаг кæй уæй кæны хæцæнгарз республикæйы территорийыл. Цæстдарды руаджы ацы информаци сбæлвырд ис.

МХМ-ы фехъусын кодтой, цалдæр мæйы мидæг фыдгæнæг кæй ауæй кодта дыууæ Калашниковы автоматы æмæ джебогъ хæцæнгарзмæ. Нæлгоймаджы рацахстой радон "бафидыды" рæстæджы. Экспертизæ сбæлвырд кодта, байст хæцæнгарз кæй у рæвдз æхсынмæ.

Фыдгæнæджы ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг "хæцæнгарзы æнæзакон уæйы" статьямæ гæсгæ, æнхъæлмæ йæм кæсы цыпар азы æмгъуыдмæ ахæсты баконд.

Ног хабӕртты лентӕ
0