Цæгат Ирыстоны бакодтой уæлвæткон уавæры режим

© Sputnik / Дзерасса БиазартиТæрккъæвдаты аххосагæй Цæгат Ирыстоны дыууæ хъæуы атыдта газыхæтæл æмæ аласта хид
Тæрккъæвдаты аххосагæй Цæгат Ирыстоны дыууæ хъæуы атыдта газыхæтæл æмæ аласта хид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тæрккъæвдаты аххосагæй Цæгат Ирыстоны дыууæ хъæуы атыдта газыхæтæл æмæ аласта хид

ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik. Биазырты Дзерассæ. Цæгат Ирыстоны Алагиры районы баконд æрцыд уæлвæткон уавæры режим. УУМ эвакуаци кæны Бирæгъзæнджы хъæуы цæрджыты, афтæ ма туристты. Ӕхсæвы донивылды фæстиуæгæн Уæллаг Бирæгъзæнджы хъæуы ныппырх Цахсадыкомы цæугæдоны сæрыл хид. Цалдæр хæдзары, афтæ ма туристтæ æрцыдысты лыггонд аннæ цæрæн пункттæй.

Рокский тоннель на Транскаме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам у æхгæд цъыфы зæйы æрцыды тыххæй

Республикæ Цæгат Ирыстоны дысон æхсæв уыд уæззау уавæр. Тæрккъæвдаты æмæ цæугæдæтты доны æмвæзады фæбæрзонды фæстиуæгæн атыдта газы хæтæл, кæцы ифтонг кодта газæй Алагиры районы æртæ цæрæн пункты: Суадаг, Уæллаг æмæ Дæллаг Бирæгъзæнг.

Тамискы цур цъыфы зæй æрцыд Транскамы магистралыл. Фæндаг у æхгæд автотранспортон змæлдæн. Цæгат Ирыстоны УУМ-ы управленийы Sputnik куыд фехъусын кодтой, афтæмæй трассæйыл нæй машинæтæ.

"Боныцъæхимæ фæндагон службæтæ райдыдтой сыгъдæг кæнын нормативон параметрты онг. Знон тас уыд цъыфы зæйы æрцыдæй, зæхх удæст кæй у тæрккъæвдаты донæй, уый тыххæй", — загътой ведомствæйы.

Транскам у æхгæд автотранспортон змæлдæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0