Цæгат Ирыстоны аварийы фæмард сты дыууæ адæймаджы

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæФТЦ
ФТЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппар машинæйы хайадистæй фæндагон фыдбылызы амæттæгтæ ссисты дыууæ адæймаджы

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Ӕрыдоны районы цыппар машинæйы хайадистæй фæндагон-транспортон цауы (ФТЦ) фæстиуæгæн фæмард сты дыууæ адæймаджы, аварийы ма зиан баййæфтой аст адæймаджы, хъусын кæны РИА Новости регионалон МХМ-ыл æнцойгæнгæйæ.

"Развæлгъау информацимæ гæсгæ, Дзæуджыхъæу-Чикола-Вескен-2 фæндагыл Сырх-Дыгуры хъæуы 21–аздзыд цæрæг автомашинæ "ГАЗ-3110"-ыл скъæргæйæ сæмбæлд автомашинæ Ford-ыл. Цæфы фæстæ "Волга" сæмбæлд ноджы дыууæ автомашинæйыл", — радзырдтой цауы тыххæй мидхъуыддæгты министрады.

Райсгæ цæфтæй фæсарæйнаг машинæйы шофыр амард рынчындоны. Мæлæтдзаг цæфтæ ма райста "Волга"-йы 21-аздзыд пассажир. Ноджы ма æхсæз зианбаййафæджы алыхуызон цæфтимæ фæхæццæ кодтой республикæйы рынчындæттæм, се ′хсæн ис 11 къласы скъоладзау. Аварийы æууæлтæ нырма дæр цæуынц бæлвырд.

Ног хабӕртты лентӕ
0