Ирыстонмæ æрластой Хуыцауы Царддæттæг Дзуары Хъæды хай

© Пресс-служба Владикавказской и аланской епархии.Епископ Леонид
Епископ Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыцауы Царддæттæг Дзуары Хъæды хай уыдзæн Цæгат Ирыстоны 22 октябры онг

ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны чырыстон диныл хæст адæмæн уыдзæн фадат скувын Хуыцауы Царддæттæг Дзуары Хъæдмæ, кæцыйыл йæ мæлæт ссардта Йесо Чырысти, хъусын кæны 15 Регион Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы официалон сайтыл æнцойгæнгæйæ.

"Чырыстон дунейы иууыл сæйрагдæр кувынаккагтæй иу æрхастой республикæмæ епископ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Леониды арфæйæ. Кувынаккагæн æвæрд уыдзæн Хуыцауы Пехуымпар Илияйы номыл аргъуыны, уыдзæн æм скувыны фадат æрвылбон дæр 7:00 сахатæй 23:00 сахаты онг", — дзырдæуы хъусинаджы.

Кувынаккаг уыдзæн Дзæуджыхъæуы 22 октябры онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0