Дзæуджыхъæуы цæрджытæ рацыдысты митингмæ энергетикон нозты ныхмæ

© alaniatvДзæуджыхъæуы цæрджытæ рацыдысты митингмæ энергетикон нозты ныхмæ
Дзæуджыхъæуы цæрджытæ рацыдысты митингмæ энергетикон нозты ныхмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы Театралон фæзуатыл ацыд митинг "энергетикты" æнæконтролон реализацийы ныхмæ

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы Театралон фæзуатыл ацыд митинг энергетикон нозт æнæконтролон уæй кæныны ныхмæ, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Энергетикон нозт æнæконтролонæй уæй кæныны фæдыл законы проект райст æрцыд 2015 азы. Фæлæ ныртæккæ прокуратурæ рацыд ацы законы ныхмæ.

"Дыууæ азы мах цыдыстæм дуканитыл. Фæстæдæр æрбахатыдыстæм парламенты депутаттæм æмæ уыдыстæм курæг, цæмæй ахæм нозт, куыд "Ягуар" æмæ "Страйк" айсой тæрхджытæй. Парламенты рабадтыл сæйраг дохтыр-нарколог фехъусын кодта, ахæм нозт кæй нуазынц 11-17 азы кары фæсивæд, ома ацы нозты уарзджыты 80% у фæсивæд. Мах стæм уыдон уæй кæныны ныхмæ, уымæ гæсгæ стæм ам", — загъта æхсæнадон змæлд "Щит Осетии"-йы сæрдар Церекъты Таймураз.

митинджы организатортæ сты æхсæнадон змæлд "Щит Осетии", партитæ "Иугонд Ирыстон" æмæ "Родина". Акциты хайадисджытæ æрбахатыдысты фæсивæдмæ ахæм нозт нуазыныл тобæ сæвæрыны куырдиатимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0