Цæгат Ирыстонмæ 20 азы фæстæ æркодтой цыппар адæймаджы марæджы

© МВД по РСО-АЦæгат Ирыстонмæ 20 азы фæстæ æркодтой цыппар адæймаджы марæджы
Цæгат Ирыстонмæ 20 азы фæстæ æркодтой цыппар адæймаджы марæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппар адæймаджы амарыны хъуыддагмæ зæрдæ цы адæймагмæ æхсайы, уый 20 азæй фылдæр æмбæхст Хъырымы

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны полицийы кусджытæ сæ хъырымаг коллегæты æххуысæй æрцахстой Хъырымы республикæйы Горæтгæрон районы 44-аздзыд цæрæджы, кæцы уыд федералон агуырды – уымæ зæрдæ æхсайы цыппар адæймаджы амарыны хъуыддагмæ, хъусын кæны РЦИ-Аланийы МХМ-ы пресс-службæ.

Ведомствæ куыд банысан кодта, афтæмæй азымгонд сарæзта уæлдай уæззау фыдракæнд 1995 азы Горæтгæрон районы Иры хъæуы.

"Азымгонд æмæ æрыгон лæппуты æхсæн сæвзæргæ конфликты фæстиуæгæн рауад хыл, кæцы ахицæн йæ хайадисджытæй цыппары амарынæй æмæ иу адæймаг та фæцис цæфтæ. Цауы бынатæй фыдгæнæгæн бантыст йæхи бааууон кæнын", — хъусын кæны МХМ.

Факты фæдыл бакондæуыд уголовон хъуыддаг "лæгмарды" статьямæ гæсгæ, азымгонд лæвæрд æрцыд уголовон агуырдмæ.

Оперативон кусджыты ныхæстæм гæсгæ, уый алыгъд Украинæмæ, цы ран æмбæхст 20 азæй фылдæр.

Ӕрдæгсакъадах Уæрæсейы скондмæ куы бацыд, уæд лыгъд нæлгоймаджы агуырд райста æвæрццаг фæстиуджытæ æмæ ахст æрцыд.

Азымгонды фæхæццæ кодтой Цæгат Ирыстонмæ æмæ йæ бакодтой Горæтгæрон районы рæстæгмæдарæн изоляторы.

Ног хабӕртты лентӕ
0