Хуссар Ирыстоны ссардтой уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты рухс ном

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны ссардтой уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты рухс ном
Хуссар Ирыстоны ссардтой уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты рухс ном - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
1992 азы фидауынгӕнӕн тыхты руаджы Хуссар Ирыстоны урӕд ӕрцыдысты хӕстон архайдтытӕ.

ЦХИНВАЛ — 14 июл, Sputnik. Уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты цырты раз Цхинвалы президент Тыбылты Леонид, хицауады уӕнгтӕ, депутаттӕ, уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтӕ, республикӕйы ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ.

Монумент ис Цхинвалы хуссаргӕрон, 2008 азы цы уӕрӕсейаг фидауынгӕнӕн батальоны ӕфсӕддон казармӕтӕ басыгъд, уым.

Фидауынгӕнӕг тыхтӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны нысан кӕныц Фидауынгӕнӕджы бон

Дыццӕджы республикӕйы нысан кӕнынц гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонӕмӕ Сабырад бахъахъхъӕны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхты бакондыл 23 азы сӕххӕсты бон.

Дидинтӕ сӕвӕрыны церемони ма уагъд ӕрцыд Сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхты раздӕры штабы бынаты, уым ныртӕккӕ ис Уӕрӕсейы арӕнгӕрон управлени.

Фӕмардуӕвӕг ӕфсӕддонты номарынӕн айзӕлд автоматӕй ӕртывӕр ӕхст.

Дининтӕ ӕмӕ веноктӕ ма сӕвӕрдтой Уӕрӕсейы хъайтар Денис Ветчиновы цырты раз. Майор Ветчинов 2008 азы 9 августы 58-ӕм ӕфсады штурмон къордимӕ уыд Цхинвалы.

Къорд бахауд рӕсӕны, фӕлӕ уӕззауцӕф майор йӕ удӕй бахъахъхъӕдта уӕрӕсейаг журналистты ӕмӕ ӕфсӕддонты гуырдзиаг агрессортӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0