Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц Паддзахадон тырысайы бон

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны нысан кæнынц Паддзахадон тырысайы бон
Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц Паддзахадон тырысайы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццаг хатт Паддзахадон тырысайы бон Хуссар Ирыстоны банысан кодтой 2013 азы, фæлæ националон символ ссис раздæр – 1989 азы кæрон, иу аз фæстæдæр та республикæйы парламент сфидар кодта ирон триколор, куыд паддзахаддзинады символ.

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Тадтаты Андрей. Паддзахадон тырысайы бон Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц сабаты. Цхинвалы централон фæзуаты уагъд æрцыд республикæйы паддзахаддзинады символыл хæрдмæ схæцыны цытджын церемони. Хуссар Ирыстоны тырыса националон символ ссис 1980-æм азты кæрон, республикæ йæ хæдбардзинадыл тох куы райдыдта, уӕд. 1990 азы ноябры республикæйы парламент сфидар кодта ирон триколор, куыд паддзахаддзинады символ, афтӕ.

Националон тырыса барабаны цагъдимæ бахастой кадджын хъарагъулы ротæйы æфсæддонтæ националон дарæсы. Уыдон хæрдмæ схæцыдысты тырысайыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон гимны зæлтæм. Паддзахадон тырысайы бон фыццаг хатт нæ республикæйы банысан кодтой 2013 азы.

"Абон у Хуссар Ирыстоны иууыл нысаниуæгджындæр бæрæгбæттæй сæ иу — Паддзахадон тырысайы бон. Ацы тырысайы бын райгуырд Республикæ Хуссар Ирыстон. Уый æрбангом кодта нæ адæмы, кæцы фæндон рахаста йæхæдæг скъуыддзаг кæнын йæ хъысмæт", — загъта президент Тыбылты Леонид фæзуаты æрæмбырдуæвæг уазджытæ æмæ цæрджыты раз йæ раныхасы.

© Sputnik / Ада БагианПаддзахадон тырысайы бон Хуссар Ирыстоны.
День флага отмечают в РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахадон тырысайы бон Хуссар Ирыстоны.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, ацы тырысаимæ Ирыстоны фырттӕ кæй бахъахъхъæдтой республикæйы хæдбардзинад æмæ нæ фæцудыдтой тыхджын æмæ æнæмсæр тохы мæнгард знагимæ.

"Нæ тырыса у æртæ хуызы æмиуад, алкæцы дæр дзы у цыдæриддæр адæймаджы æмæ адæймагады райдзаст æмæ æмбаргæ ис, уыдон. Ирон адæм сты ацы миниуджыты хæсджытӕ. Уадз æмæ ацы тырыса кæддæриддæр фæйлауæт нæ сæрмæ, хæссæт хæрзиуæг, хъарудзинад æмæ дидинæфтыд", — банысан кодта президент.

Церемони фæцис кадджын хъарагъулы ротæйы цытджын маршæй, уый фæстæ фæзуаты кафты сæ арæхстдзинад равдыстой скъоладзаутæ.

© Sputnik / ада БагианПаддзахадон тырысайы бон Хуссар Ирыстоны.
День флага в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахадон тырысайы бон Хуссар Ирыстоны.

Ирон тырыса у хæдбар æмæ сæрибар бæстæйы символ. Тырыса у ӕртӕхуызон, конд у урс, сырх ӕмӕ бур кӕттагӕй. Ацы ӕртӕ хуыз дӕр иттӕг хорз зындгонд сты суанг рагон Аланийы дугӕй. Урс хуыз нысан кӕны монондзинад, сыгъдӕгдзинад, зонд. Сырх — ӕхсар, хъӕбатырдзинад, рӕстдзинад. Бур — бӕркад, фарн, мулк. Тырыса разæнгард кæны ирон адӕмы ног цард аразынмæ, дидинæфтаугæ фидæны фæндæгтыл цæуынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0