Тыбылты Леонид: паддзахады царды 25 азы – цардвæндаджы райдиан

© Sputnik / Руслан ТадтаевПрезидент Тыбылты Леонид
Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны адæм Уæрæсейы æххуысæй, куыд æдасдзинады гарантæй, йæ бон у фидарæй аразын пълæнттæ фидæнмæ.

Хуссар Ирыстоны президент республикæ расидты 25 азы бæрæгбоны агъоммæ радта эксклюзивон интервью Sputnik.

— 25 азы адæймаджы царды — бындурон скъуыддзаг у, æрцыд æвæрд бындур сæйраг æмбарынæдтæн. Кæцыдæр паддзахадты историйы 25 азы аивгъуыйынц æнæбазонгæйæ, стабилонæй æмæ иугъуызонæй, аннæты та ацы рæстæгмæ фæивы алцыдæр. Цы зæгъæн ис ацы здæхты Хуссар Ирыстоны тыххæй?

— Адæймагæн уый серьезон кар у, паддзахадæн та йæ фæндаджы райдиан.

Мах ацы 25 азы радтам паддзахад сфидар кæнынæн æмæ райрæзтæн. Ацы азты дæргъы нæ адæм дзуапп кодтой хуссар сыхаджы агрессивон архæйдтытæн, арæзтой æппæтдæр, цæмæй бахъахъхъæной мидæггагон цæджындзтæ æмæ саразын паддзахады системæ.

Абон махæн нæ бон зæгъын у, Хуссар Ирыстон кæй у æххæст паддзахад. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис ахæм сферæтæ, кæцытæм нӕма баххæссыдыстæм. Зæгъæм, Конституцион тæрхондоны сарæзт. Паддзахады æххæст æрхайдæн уый у æнæмæнгхъæуæг. Æмæ хицауады къабазтæ иууылдæр кусдзысты ууыл, цæмæй ацы институт сæндидза æмæ архайа æппæт гуырахстæй.

Зæгъæн ис, æмæ ацы 25 азы дих кæй цæуынц республикæ банымайыны "агъоммæ" æмæ "фæстæ"-йыл. Уæрæсейы æрдыгæй банымайыны размæ нæ адæм хъуыды дӕр нæ кодтой сæ сомбоныл, уымæн æмæ хъуыды кодтой, абон куыд фæцæрой, ууыл. Фæлæ агрессоры сабырадмæ тыхæй æркæныны фæстæ æрцыд, бирæ æзты æнæрхъæцæй цæмæ æнхъæлмæ кастыстæм — нæ республикæйы банымад.

Абон мах цæрæм сæрибар бæстæйы, нæ стратегион партнер нын æххуыс кæны кæны алцæмæйдæр. Мах аразæм нæ цард, цадæггай размæ цæуæм. Ацы авд аз нывонд уыдысты ныппырхгонд адæмон хæдзарад йæ къахыл слæууын кæнынæн.

2008 азы фæстæ махæн уыд фаг рæстæг æмæ фадæттæ, цæмæй сæндидзыны процесс кæронмæ бахæццæ уыдаид, фæлæ бирæ фæрæзтæй спайдагонд не ‘рцыд. Мах архайæм экономикæйы райрæзтыл. Ацы къабазы аразæм фыццаг къахдзæфтæ, фæлæ уыцы темптæ ахæм цырд не сты, мах куыд фæнды.

— Бирæ æзты дæргъы нæ сæйраг знаг уыд Гуырдзыстон. 2008 азы уавæр фæивта. Фæлæ цæмæ æнхъæлмæ кæсæм дарддæр?

— Æмцæдисад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырд дзуапп дæтты ацы фарстæн. Документ агайы хъахъхъæнынад æмæ ӕдасдзинад, мидхъуыддæгты органты æмгуыстад, социалон къабазы райрæзт. Æппæт адæттæ дзурæг сты ууыл, æмæ нæ стратегион партнерæн кæй ис серьезон фæндтæ Хуссар Ирыстоны æрдæм. Æз нымайын, æввахс 25 азы нæ адæм кæй кæндзысты сабыр цард, Уæрæсеимæ æнгæмæй-æнгомдæр кæнгæйæ. Нæ райрӕзты вектор равзæрста нæ адæм, къухдариуæгад та у ацы идейæты æххæстгæнæг. Дарддæры æзтæ хъуамæ суой райрæзты рæстæг, уый нымæцы демографион къабазы дӕр.

— Ацы бæрæгбон нæ уыдаид, йæ райдианы куы нæ уыдаиккой хъайтартæ. Сæ фылдæр абоны онг нæ фæцардысты. Чидæртæ дзы фæмард мидызмæстыты. Цæмæн афтæ æрцыд æмæ цы нæ бон у саразын, цæмæй сæ нæмттæ ма баззайой рохуаты?

— Мах хъуамæ ма рох кæнæм, республикæ кæй райгуырд вазыгджын рӕстӕджы. Зындзинæдтæ æвзæрын кодта уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны автономон область 20-æм æзты кæй бацыд Гуырдзыстоны ССР-ы скондмæ. Уæды рæстæджы нæ адæмæн нæ уыд сæрмагонд привилегитæ. Уыцы историкон этапыл нæ адæм цардысты æндыгъд уавæрты, гуырдзиаг къухдариуæгад цалдæр хатт хъавыд хъуыддагкæнынад гуырдзиаг æвзагмæ ракæнын, цæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл уыдаид сæйраг ӕвзаг.

Мах райдыдтам ныхмæлæуд нæ сомбоны тыххæй, æмæ нын уый сæндидзын кодта нæ националон ныфс, тырныдтам нæхи паддзахад саразынмӕ. Областон Советы 14 сессийы уынаффæмæ гæсгæ Хуссар Ирыстон рацарæзт æрцыд Советон демократон республикæмæ.

Уый уыд ног республикæйы райгуырды бон, фæзынд ног нæмттæ, адæм, кæцытæ тох кодтой республикæйы сабыр райрæзты фарс — Хуыбылты Валерий, Джиоты Алан, Санахъоты Гришик æмæ бирæ æндæртæ.

Уыдон сты фыццаг хъайтартæ, кæцытæ сæхи равдыстой æцæг Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй. Бирæтæ дзы абон не ‘хсæн нал сты. Хъыгагæн, уыдон иууылдæр знаджы къухæй нæ фæмард сты.

Уæд уыд вазыгджын рæстæг, уыд гуымир рæдыдтытæ, æндæргъуызон хъуыдытæ æмæ цæстæнгæс, интересты ныхмæлæуд. Уый æркодта бирæ æвзонг лæппуты бабынмӕ.

Сæрибардзинады сæрыл йæ цард чи радта, уыдонæй алкæй ном дæр хъуамæ сæнусон кæнæм. 2016 азы райдайдзæн мемориалон комплексы арæзтад, кæцы конд уыдзæн цалдæр хаййæ. Сæрмагонд бынат дзы рахицæн æрцæудзæн нæ хъайтартæн.

— Абон республикæйы тыхтæ фылдæр здæхт сты арæзтад æмæ æндидзынадмæ. Дæ нымадмæ гæсгæ, кæцы аз уыдзæн иууыл æвæрццагдæр экономикæйы къабазæн?

— Экономикæйы райрæзт конд у цалдæр этапæй. Æмæ мах цадæггай цæуæм ацы фæндагыл.

2013 азы баконд æрцыд хуыйæн фабрикæ Боллоты Таймуразы æххуысæй. Уый куыстбынæттæй сифтонг кодта 1,5 мин адæймаджы. Боллойы фырт æнæ пайда æмæ дивидендтæй æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, бакодта кондад, кæцы кусы æнæрлæугæйæ иттæг хорз уавæрты. Уый дæр уыд фидар къахдзæф размæ.

Ацы бонты бындур æрæвæрдтам завод "Растдон"-ы арæзтадæн. Йæ скуыст хорзӕрдæм бандавдзæн хъæууон хæдзарады райрæзтыл. Ам алцыдæр у кæрæдзиуыл баст. Фермертæ нæ хъуыды кæндзысты, кæдæм хæссой фыдызгъæл. Уый та у ноджы иу къахдзæф.

Ис ма нæм æндæр хъуыдытæ æмæ фæндтæ. Зæгъæм, Знауыры районы æмæ Цхинвалы цæгатварс саразын сæндæттæ æмæ дыргъдæттæ. Æрæвналдзыстæм ацы хъуыдымæ фæззæджы.

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, 2016 аз ацы здæхты уыдзæн æнтыстджын.

— Æрæджы нæ республикæмæ фæуазæг зынгæ бизнесмен Борис Роттенберг, кæцыимæ дын уыд фембæлд. Цы хъуыдытæ йын ис Хуссар Ирыстонимæ баст?

— Æввахс рæстæджы Алина Кабаевайы номыл спорткомплекс бафтдзæн республикæйы къухты. Æмæ ацы бизнесмены фæнды спорткомплексæн феххуыс кæнын, афтæ ма футболы скъолайæн дæр. Æруынаффæ ма кодтам хæххон туризмы райрæзтыл дæр. Мах ссардтам кæрæдзиæмбарынад, æмæ мæ ныфс ис, ацы фæндтæ кæй ӕрцæудзысты реализаци.

— Ныртæккæ республикæйы ис райрæзты стабилон дуг. Фæлæ разæй ис 2017 азы æвзæрстытæ æмæ цавæрдæр тыхтæ æрхъавдзысты уавæр базмæнтынмæ. Исты хъуыды цæуы, цæмæй æвзæрстытæ æнæ цаутæй ацæуой?

— Къухдариуæгад хъуамæ раздæр зона, цы æрцæудзæн сомбон. Президенты конституцион æмгъуыд кæронмæ фæхæццæ кæны, æмæ мах фӕнды, цӕмӕй президентон æвзæрстытæ сабырæй ацæуой. 2011 æмæ 2012 азты вазыгджын уавæр хынцгæйæ, къухдариуæгады хæс у ахæм ажиотаж мауал бауадзын.

2011 азы кандидаттæн сæ фылдæр ныртæккæ архайы хицауады æххæстгæнæн къабазы. Сæ фылдæр сты парламенты депутаттæ, æмæ 2012 азæ фæстæмæ адæмæн рæстæг уыд базонын, чи сæ чи у.

— Дæхицæн цы пълӕнттæ ис?

— Ацы фарст мæм арæх дæттынц фæстаг рæстæджы. Адæм хъуамæ сæхæдæг равзарой къухдариуæггæнæджы иу кæнæ иннæ историон этапыл.

— Дæ арфæтæ ирон адæмæн бæрæгбоны цытæн?

— Абон нæ сæйраг хæслæвæрд у адæмы домæнтæн дзуапп кæнын, цæмæй республикӕ рахиза уæззау уавæрæй.

Мæ адæмæн мæ зæрдæ зæгъы иууыл хуыздæр фæндиæгтæ. Цæмæй алкæй хæдзары дæр уа сабырад, æнæниздзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад. Ахсджиаг у, хистæр кары адæм куы хъуыды кæной рæзгæ фæлтæры сомбон фæрæсугъддæр кæныныл, цæмæй æнустæм цæрой хæдбар бæстæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0