Хаджимба: Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонӕн ис бирӕ иумӕйаг интерестӕ

© Sputnik / Диана КозаеваРаулб Хаджимба
Раулб Хаджимба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раулб Хаджимбайы хъуыдымæ гæсгæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн æмархайд хъуамæ схиза ног æмвæзадмæ, республикӕтӕн ис иумæйаг интерестæ экономикон æмæ гуманитарон къабазты.

Sputnik уацхæссæг фембæлд Рауль Хаджимбаимæ, кæцы æрцыд нæ республикæйы 25 азы сӕххӕсты бæрæгбонмæ.

— Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æхсæн ахастытæн раджы æрцыд бындур æвæрд. Куыд аргъ кæныс республикæты æхсæн æмгуыстады абоны æмвæзадæн æмæ цы гæнæн ис саразын йæ дарддæры райрæзтæн?

— Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ ахастытæ кæнынц фидардæр. Фæлæ мæ фæнды, цæмæй нæ фадæттæ уой æндæр æмвæзадыл. Ис гуманитарон къабазы ахастыты райрæзты фадæттæ. Æмæ хорз уаид, ацы процесты хайад куы райсид фæсивæд. Ацы ахастытæ куы нæ уой, уæд зын у исты райрæзтыл дзурын.

— Националон-сæрибаргæнæт тохы Абхазы адæмы фарс балæууыдысты ирыстойнаг бархионтæ дæр. Куыд аргъ кæныс ирон лæппуты архайдæн, цæмæй Абхазы къухты бафтыдаид уæлахиз?

— Бархионтæ разæнгард кодтой нæ адæмы, фидар сын кодтой сæ ныфс æмæ цӕрджытӕ разы уыдысты сæ цард раттын, цæмæй бахъахъхъæной Абхазы адæмы, радтой нын фадат сæрибар бæстæйы цæрын.

— Куыд загътай, афтӕмӕй нӕ бӕстӕты ис потенциал сæ экономикæты райрæзтæн. Ацы къабазы республикæты кæрæдзийæн æххуыс цæй мидæг уыдзæн?

— Фыццаджыдæр бамбарын хъæуы, цы ис иу республикæмæ ахæмæй, цы сæвзæрын кæна цымыдис иннæ республикæмæ, цæмæй экономикæтæ æрбангом уой. Æз абон федтон, цы æрцыд арæзт æмæ бантысдзæн саразын Уæрæсейы æххуысæй. Махмæ Абхазы ис стыр интерестæ курортон бизнесимæ, аграрон секторимæ баст.

— Дыууæ республикæ дæр сæйраг æмцæдисоныл нымайынц Уæрæсейы. Фæлæ дунейы ис бирæ бæстæтæ, кæцытимæ æмгуыстад æрхæссид пайда. Абхаз ма кæимæ æмгуыст кæны?

— Махæн нысаниуæгджын, нæ стратегион партнер — Уæрæсе, кæцы аразы æппæтдæр, цæмæй Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон сæ къæхтыл фидарæй слæууой. Фæлæ æрмæст Уæрæсеимæ нæ æмгуыст кæнæм. Махмæ интенсивонæй парахат кæны туркаг бизнес. Уымæ гæсгæ, арæзт цæуынц æмбæлон бюджетон фадæттæ, цæмæй Абхазы фæхуыздæр уой царды уавæртæ.

— Дæ нымадмæ гæсгæ, республикæтæ сæ райрæзтæн æппæт фадæттæй спайда кодтой? Цы цæлхдуртæ ис размæцыды фæндагыл æмæ цы саразын хъæуы сæ аиуварс кæнынæн?

— Республикæтæ дæргъвæтин рæстæджы уыдысты ахæм æндыгъд уавæрты, æмæ исты къахдзæфтæ саразын уыд тынг зын. 2008 аз ныппырх кодта, цыдæриддæр бантыст саразын уый размæ. Хицауад дæр æмæ адæм дæр тырнынц рухс сомбонмæ, æмæ мæ фидарæй уырны, афтæ кæй уыдзæн.

— Ды ма раздæр уыдтæ Хуссар Ирыстоны. Куыд фæивта республикæ, Цхинвал?

— Фæстаг хат ам куы уыдтæн, уæд хæсты фæстиуæгæн республикæйы хъæдгомтæ нырма гас нæ уыдысты. Абон мæхи цæстæй федтон, цыбыр æмгъуыдмæ кæй бантыст бирæ саразын. Арæзт цæуы инфраструктурæ, айгæрст цæуынц доны æмæ газы хæтæлтæ. Ацы къабазы æмвæзаду уæлдæр Абхазимæ абаргæйæ. Уый æмрæмтæджы ис рæдыдтытæ дæр, кæцытæ мах хъуамæ хынцæм.

— Дæ цæст Хуссар Ирыстоны адæмæн цы уарзы ацы зæрдылдарæн боны?

— Хуссарирыстойнаг адæмæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй куыд тагъддæр гӕнӕн ис, афтæ рахизой 2008 азы сæвзæргæ уавæрæй. Хъæдгæмттæ нырма кæронмæ нæ байгас сты. Фæлæ уый у рæстæгмæ æмæ мæ уырны, уæ адæмæн кæй ис райдзаст сомбон. Ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддæгтæй бæрæг у, бæстæйы кæй цæуы арæзт бирæ. Амонд, фарн æмæ сабырад уæд Хуссар Ирыстоны!

Ног хабӕртты лентӕ
0