Хуссар Иры фӕндагон фӕткхалдты ныхмӕ тох кӕндзӕн ног автоматизацигонд центр

© Sputnik / Антон Максименко /  Ахизын медиабанкмæПаддзахадон автоинспекци
Паддзахадон автоинспекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног центр кусдзысты фӕндагон змӕлды фӕткхалды цаутӕ ӕруадзгӕ хӕдтулгӕты фӕдыл.

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны скусдзӕн фӕндагон фӕткы фадыджы административон фыдракӕндты фиксацийы автоматизацигонд центр, фехъусын кодта Sputnik паддзахадон автоинспекцийы минӕвар Уалыты Альма.

Ног центр кусдзӕн фӕндагон змӕлды фӕтк хъахъхъӕныныл. Фӕткхалды цауты фӕдыл административон бӕрндзинад хӕсдзысты автомашинӕты хицӕуттӕ.

"Бирӕ шофыртӕ цӕуынц кӕйдӕр машинӕтыл æууæнкдар гæххæттытимӕ. Уымӕ гӕсгӕ, Паддзахадон автоинспекци хаты машинӕты хицӕуттӕм, цӕмӕй сӕ сфидар кӕной, чи сыл фӕбады, уыдоныл, науӕд фӕткхалды цауы рӕстӕджы ивар цӕудзысты хицӕуттӕ", — загъта Уалыты Альма.

Ахӕм системӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнтыстджынӕй архайы Уӕрӕсейы ӕмӕ ӕвӕрццагӕй бандавдзӕн Цхинвалы уынгтыл фӕндагон змӕлды фӕткыл дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0