Химикон ӕмӕ биологон хъахъхъæнынады æфсад Хуссар Иры ӕрӕвнӕлдтой быдырон ахуыртæм

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæБыдырон ахуыртæ
Быдырон ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуыртæ райдыдтой Хуссар федералон зылды авд полигоныл, хайад сæ райсдзысты 1, 5 мин æфсæддон службæгæнæджы.

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы æфсæддон базæйы радиацион, химикон æмæ биологон хъахъхъæнынады æфсады дæлхæйттæ æрæвнæлдтой быдырон ахуыртæм, фехъусын кодтой къуырисæры Хуссар федералон зылды (ХФЗ) пресс-службæйы.

Химикон ӕмӕ биологон хъахъхъæнынады æфсады ахуыртæ райдыдтой ХФЗ-ы авд полигоныл, хайад сæ райсдзысты 1, 5 мин æфсæддон службæгæнæджы.

"Ахуырадон мадзæлтты хайад исынц Сауденджызон флоты, Æфсæддонæуæлдæфон тыхты 4-æм æфсады, уæлдæфон хъахъхъæнынады æмæ ХФЗ-ы радиацион, химикон æмæ биологон хъахъхъæнынады æфсады дæлхæйттæ. Быдырон ахуыртæ уагъд цæуынц Волгограды областы, Краснодары крайы, Республикæтæ Хъырым, Цæгат Ирыстон-Алани, Хуссар Ирыстон æмæ Сомихстоны", — дзырдæуы зылды хъусинаджы.

Ахуырты хайад исынц 1, 5 мин æфсæддон службæгæнӕджы, афтæ ма сæрмагонд техникæйы 350 иуæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0