Къарджиаты Эльбрус: Уæрæсейæн алы континенты дæр ис бирæ хæлæрттæ

© Пресс-служба посольства РФ в РЮОКъарджиаты Эльбрус
Къарджиаты Эльбрус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дипломатон кусæджы бон Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус радзырдта Sputnik УФ æддагполитикон стратегийы тыххæй æмæ уæрæсейаг дипмиссийы куысты тыххæй Хуссар Ирыстоны.

ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Уæрæсейаг дипломати хæссы егъау хайбавæрд бæстæйы националон интерестæ дунейон аренæйыл бахъахъхъæныны хъуыддагмæ, банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрус.

"Мах нал быхсдзыстæм, ныгуылæйнаг партнертæ нын цы "регионалон паддзахад"-ы бынат рахицæн кодтой, уыцы уавæр. Рагон политикон, монон æмæ гуманитарон культурæйы традицитæ нын дæттынц фадат уадзын хæдбар æддагон политикæ, цæй нысан у уæрæсейаг æмбæстæгтæн æмбæлон царды уавæртæ саразын", — загъта Минæвар.

Ныридæгæн Уæрæсейæн алы континентыл дæр ис бирæ хæлæрттæ, кæцыты нымæц бонæй бон кæны фылдæр, банысан кодта Къарджиаты Эльбрус.

"Махæн нæ æмцæдисонтæ сты ахæм ахадгæ æхсæнадæмон организацитæ, куыд "БРИКС, ШОС, СНГ, ОДКБ" æмæ æндæртæ, кæцытæ æндавынц дунейы миллиардтæ нымæц адæмыл. Нæ лидер Владимир Путины авторитет æмæ архайд, кæцы амоны Уæрæсейы Федерацийы æддагполитикон стратеги, уæрæсейаг дипломатты æрвылбойнон куыст фæндзай бæстæйæ фылдæры, æвдисынц цæстуынгæ фæстиуджытæ", — радзырдта уый.

Къарджиаты Эльбрус куыд загъта, афтæмæй минæварад Хуссар Ирыстоны кусы 2009 азы апрелы мæйæ æмæ у уæрæсейаг æрыгон димисситæй сæ иу.

"Нæ дипломаттæ æххæстбæрцæй ифтонг кæнынц фæсарæйнаг уагдоны куысты бындурон здæхтытæ иууылдæр. Нæ архайды ис дыууæвæрсыг ахастыты фарстытæ, æрыгон республикæйы паддзахаддзинады райрæзтæн æххуыс, ам æмбæстагон æхсæнад саразын, йе ‘мбæстонты барты хъахъхъæд, цæрджыты консулон лæггæдтæй ифтонг кæнын", — загъта дипломат.

Минæвар банысан кодта, дипломаттæн кæй ис хæларадон, æцæг партнерон ахастытæ паддзахадон органты, æхсæнадон организациты минæвæрттимæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хуссарирыстойнаг коллегæтæ — дипломаттимæ.

"Хуссар Ирыстоны дипломаттæ æнтыстджынæй æмгуыстад кæнынц немæ Женеваг дискусситы, Инциденттæ ма æруадзыны æмæ уыдон аиуварс кæныны фæдыл механизмты фæлгæтты, æхсæнадæмон царды фарстытæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы", — банысан кодта уый.

Къарджиаты Эльбрус ма банысан кодта, минæварады кусджытæ кæй æнкъарынц республикæйы цæрджыты хъарм ахаст, "кæцы уæрæсейаг дипмиссийы уыны Стыр Уæрæсейы минæвæртты, кæцы 2008 азы августы фæдаргъ кодта йе ххуысы къух æфсымæрон хуссарирыстойнаг адæммæ".

Ног хабӕртты лентӕ
0