Хуссар Иры Национ музей ӕрӕмбырд кодта йӕ хӕзнадон иууылдӕр

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры Национ музей
Хуссар Иры Национ музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Историон артефакттӕ, зӕронд хӕдзарон мигӕнӕнтӕ, нывтӕ ӕмӕ бирӕ хъӕзныг историон ӕрмӕг, ӕмткӕй 40 мин экспонаты ӕвӕрд ӕрцыдысты музейы тӕрхӕджытыл.

ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Национ музей ӕрӕмбырд кодта йӕ экспонаттӕ иууылдӕр — историон артефакттӕ, зӕронд хӕдзарон мигӕнӕнтӕ, нывтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр хъӕзныг историон ӕрмӕг, ӕмткӕй 40 мин экспонаты сӕ бынат ссардтой музейы тӕрхӕджытыл, фехъусын кодта Sputnik музейы директор Зассеты Мераб.

Национ музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууын фондз аз ӕнхъӕлмӕ кӕсыны фӕстӕ Цхинвалы байгом уыдзӕн Национ музей

Музейы зынаргъдӕр экспонаттӕ, фылдӕр бӕрцӕй Тлигомы зæппадзты ссаргӕ артефакттӕ, ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты ласт ӕрцыдысты Цӕгат Ирыстоны музеймӕ хӕстӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй. 2015 азы сцӕттӕ ис Национ музейы бӕстыхай ӕмӕ экспонаттӕ фӕстӕмӕ ӕрластой.

Зассеты Мерабы ныхӕстӕм гӕсгӕ, музейы уыйбӕрц экспонаттӕ ис ӕмӕ сӕ ӕмрӕстӕджы иууылдӕр сӕвӕрыны фадат нӕй, уымӕ гӕсгӕ кӕцыдӕр экспонаттӕ кӕрӕдзи ивынц тӕрхӕджытыл.

"Ӕрвылбон дӕр нӕм цӕуы бирӕ адӕм. Скъоладзаутӕ, студенттӕ, цӕрджытӕ, уазджытӕ ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ цӕуынц ӕмӕ цымыдис кӕнынц нӕ бӕстӕйы хъӕзныг историон бынтӕм", — загъта Зассеты Мераб.

Афтӕ ма музейы къухдариуӕгад, директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕнд кӕны регулярон ӕгъдауӕй уадзын сӕрмагонд равдысттӕ.

"8 мартмӕ музейы бӕстыхайы сараздзыстӕм сӕрмагонд равдыст, цыран ӕрбацӕуджыты бӕстонӕй базонгӕ кӕндзыстӕм, Ирыстон сӕрыстыр цы сылгоймӕгтӕй у, уыдон цардвӕндагимӕ. Уый фӕстӕ та йӕ раивдзӕн горӕт Цхинвалы тыххӕй радыст", — банысан кодта уый.

Уымӕй дарддӕр ма, бафтыдта йӕ ныхӕстӕм Зассеты Мераб, музейӕн йӕ авналӕнтӕ кӕд къуындӕг сты, уӕддӕр сӕ фидӕны фӕнды музейы дӕлбар саразын Хуссар Иры зонадон-ахуырадон центр.

© Sputnik / Ада БагианАфтӕ ма музейы къухдариуӕгад фӕнд кӕны регулярон ӕгъдауӕй уадзын сӕрмагонд равдысттӕ
Делегация общественной организации Союз народов Самарской области посетила Национальный музей в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Афтӕ ма музейы къухдариуӕгад фӕнд кӕны регулярон ӕгъдауӕй уадзын сӕрмагонд равдысттӕ

Хуссар Ирыстоны бӕстӕзонӕн музейӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 1923 азы. Ивгъуыд ӕнусты 90-ӕм азы бӕстыхай ӕрцыд ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕмӕ музей куыста къуындӕг фадӕтты. Бирӕ ӕзты куыстлæуды фӕстӕ 2014 азы раздӕры националон банчы бӕстыхайы бындурыл бавнӕлдтой Национ музейы арӕзтадмӕ. Арӕзтадон куыстытӕ ахастой иу азмӕ ӕввахс. Абон Национ музей кусы ӕппӕт гуырахстӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0