Дменисы цæрæг æрурæдта гуырдзыстойнаг арæнсæттæджы

© Sputnik / Ада БагианПаддзахадон арæн
Паддзахадон арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дменисы хъæуы цырддзаст цæрæг æрурæдта Гуырдзыстоны æмбæстаджы, кæцы æнæзакъонæй рахызт арæны сæрты. Уый арæнсæттæджы фæхæццæ кодта ПÆК-мæ.

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik. Дменисы хъæуы цæрæг фæхæццæ кодта паддзахадон ӕдасдзинады комитетмӕ (ПÆК) Гуырдзыстоны æмбæстаджы, кæцы æнæзакъонæй рахызт арæны сæрты, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.

"Дменисы хъæуы цæрæджы ныхæстæм гæсгæ, хуыцаубоны æбæрæг гоймаг æрурæдта æмвæндагон машинæ, цæмæй бацæуа Цхинвалы автовокзалмæ. Цхинвалмæ фæндагыл пассажир радзырдта, кæй йыл цæуы 41 азы æмæ кæй у Гуырдзыстоны горæт Рустауы цæрæг. Шофыр аскъуыддзæг кодта Гуырдзыстоны æбæрæг æмбæстаджы Арæнгæрон службæмæ фæхæццæ кæнын", — загъта ПÆК-ы минæвар.

Уагдоны Гуырдзыстоны æмбæстаджы æрцахстой арæн сæттыны тыххæй. Факты фæдыл цæуы равзæрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0