Хуссар Ирыстон ӕмӕ Владимиры область бафысдзысты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

© Пресс-служба Посольства РЮО в РоссииГасситы Знауыр ӕмӕ Светлана Орлова
Гасситы Знауыр ӕмӕ Светлана Орлова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕ Хуссар Ирыстоны делегаци РХИ-ы минӕвар Гасситы Знауыры разамындӕй Владимиры областы губернатор Светлана Орловайы фӕхуындмӕ гӕсгӕ фӕуазӕг горӕт Владимирмӕ.

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Владимиры область бафысдзысты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд. Бадзырд бафыст ӕрцӕудзӕн Владимиры, экономикон форумы фӕлгӕтты, фехъусын кодтой Sputnik РХИ-ы минӕварады пресс-службӕйы.

"Ныхасы рӕстӕджы дзырд цыд ахӕм фарстытыл, куыд РХИ ӕмӕ Владимиры областы ӕхсӕн ӕмгуыстад экономикон ӕмӕ инвестициты къабазы, ӕххӕстгӕнӕн ӕмӕ закъондӕттӕн хицауадты ӕхсӕн, культурӕйы фадыджы ӕмгуыстадыл", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Минӕвар зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Федералон ӕмбырды Федерацийы советы вице-спикер Светлана Орлова 2008 азы гуманитарон ӕххуысы коллоннӕимӕ кӕй ӕрцыд Цхинвалмӕ ӕмӕ раныхас кодта сӕдӕгай цӕрджыты раз.

Гасситы Знауыр ма фембӕлд Владимиры областы цӕрджытимӕ. Уый раарфӕ кодта Уӕрӕсейы адӕмӕн Хуссар Ирӕн се ‘ххуысы тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0