Хъахъхъæнынады министрады нымӕц фæкъаддæр кæныны тыххæй бадзырды дзырд нӕ цӕуы

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спикер банысан кодта, парламент кæй нæ иста хайад хъахъхъæнынады хаххыл уæлæмхас бадзырдтыл бакусыны тыххæй, фæлæ цæттæ у бадзырды "кæрæдзийæн пайдаджын хуызыл къух бафыссынæн баххуыс кæнынмӕ".

ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий фембæлд хъахъхъæнынады министрады офицерон скондимæ. Парламенты пресс-службæйы Sputnik фехъусын кодтой, фембæлды аххосаг кæй ссис хъахъхъæнынады хаххыл уæлæмхас бадзырд сфидар кæныны алыварс уавæр.

Раздæр парламент фæаххосджын кодта æххæстгæнæн хицауады, уæлæмхас бадзырд бафыссыны æмгъуыд кæй адаргъ. Фæстæдæр, президент Тыбылты Леонид æмæ Бибылты Анатолийы фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ, хицауады дыууæ къабазы бамбæрстой кæрæдзи æмæ аскъуыддзаг кодтой конструктивон диалог уадзын ахæм фарстаты, куыд профессионалон парламенты сарæзт æмæ хъахъхъæнынады министрады хаххы фæдыл уæлæмхас бадзырдыл бакуыст.

"Парламент никуы дзырдта, кæй хъæуы хъахъхъæнынады министрад сæхгæнын. Мах разы стæм, цæмæй æххæст цæуа æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд, цыран дзырд цæуы, Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты хай кæй хъуамæ бацæуа Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады скондмæ. Бадзырды дзырд нæ цæуы хуссарирыстойнаг æфсад сæхгæнын кæнæ фæкъаддæр кæныныл", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, ныхæстæ, ома парламент сиды хъахъхъæнынады уагдоны ликвидацимæ, сты "цъыфкалæн æмæ провокаци".

Спикер зæрдыл æрлæууын кодта, парламент кæй нæ иста хайад хъахъхъæнынады хаххыл уæлæмхас бадзырдтыл бакусыны тыххæй, фæлæ цæттæ у бадзырды "кæрæдзийæн пайдаджын хуызыл къух бафыссынæн баххуыс кæнынмӕ".

Æфсæддон къабазы бадзырд бафыссыны æмгъуыды фæкъуыхцыйы аххосæгтæй иуыл Бибылты Анатолий нымайы, хуссарирыстойнаг фарс рæстæгыл кæй нæ бакуыста бадзырды сæрмагонд проектыл, фæлæ æнхъæлмæ каст уæрæсейагмæ.

Хъахъхъæнынады министрады кусджыты цымыдис кодтой пенсион ифтонгады, УФ-йы гарзджын тыхтæм ахизыны фæстæ хорзæхты гарантитæ æмæ æндæр фарстытæ.

"Сæйрагдæр у æфсæддон службæгæнджыты социалон хъахъхъæнынад. Ацы фарстытæ хъуамæ бæрæгæй æвдыст уой уæлæмхас бадзырды проекты. УФ гарзджын тыхты юрисдикцимæ бахизыны фарст та нæй парламенты компетенцийы. Ацы фарст хъуамæ аскъуыддзаг кæной дыууæ бæстæйы хъахъхъæнынады ведомствӕтæ, кæцытæ сты уæлæмхас бадзырдыл бакусыны фæдыл кусæгон къорды сконды", — банысан кодта спикер.

Уыимæ ма бафтыдта, УФ гарзджын тыхты чи службæ кæна, уыдонæн сæ куыстмыздтæ æмæ социалон льготæтæ кæй уыдзысты фылдæр, РХИ-ы гарзджын тыхты сконды чи баззайа, уыдонæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0