Хуссар Ирыстоны президенты ныстуан райдыдта иу уысм æдзæмæй алæудæй

© Sputnik / Диана КозаеваХуссар Ирыстоны президенты ныстуан райдыдта иу уысм æдзæмæй алæудæй
Хуссар Ирыстоны президенты ныстуан райдыдта иу уысм æдзæмæй алæудæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид æрсидт республикæйы парламент æмæ цæрджытæм ныстуанимæ.

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды ныстуан республикæйы парламент æмæ адæммæ райдыдта тæфæрфæсы ныхæстæй Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланы трагикъон амæлæты фæдыл.

Парламенты рабадтыты залы æрæмбырдуæвджытæ РЦИ-Аланийы сæргълæууæджы рухс ном ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.

"Мах абон фехъуыстам, йæ цардæй кæй ахицæн Æгъуызарты Тамерлан. Стыр хъыгимæ сæмбæлдыстæм ацы уæззау хабарыл. Стыр ныфс дзы æвæрдтой куыд Ирыстоны цæгат хаййы, хуссары дæр", — загъта президент.

Уый æрсидт УФ-йы минæвар Къарджиаты Эльбрусмæ, цæмæй тæфæрфæсы ныхæстæ фæхæццæ кæна Уæрæсейы къухдариуæгадмæ.

Хуссар Ирыстоны парламент æмæ адæммæ йæ ныстуаны Тыбылты Леонид æрдзурдзæн республикæйы размæцыды стратегион здæхты фæдыл æнхъарæнтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0