Хуссар Ир æрсиддзæн Уӕрӕсемæ ирон адæмы геноцид банымайыны тыххæй

© фото из архива МЧС РСО-АЦхинвал 2008 азы августы
Цхинвал  2008 азы августы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны реваншистон змæлд кæй нæ нымæг кæны æмæ кæй ис фæлвæрдтытæ нырыккон истори сфальсификаци кæнынӕн, уый хынцгæйæ хъуамæ Паддзахадон Думæйы раз æвæрд æрцæуа ирон адæмы геноцид банымайыны фарст.

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид бахæс кодта парламентæн, цæмæй бакусой æмæ Паддзахадон Думæйы раз æрæвæрой ирон адæмы геноцид Гуырдзыстоны æрдыгæй банымайыны фарст. Уый тыххæй бæстæйы сæргълæууæг фехъусын кодта республикæйы парламент æмæ адæммæ йæ ныстуаны.

"Мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, нырма дæр тас кæй у нæ бæстæйы ныхмæ ног агрессийæ. 25 азы æмгъуыдмæ хъахъхъæд стæм Уæрæсеимæ æмбæлон бадзырдты фæрцы, фæлæ мах æдзæрæг сакъадах не стæм æмæ дунейон геополитикон процесстæ нæ цæуынц нæ иувæрсты", — загъта Тыбылты Леонид.

Хуссар Ирыстоны президенты ныстуан райдыдта иу уысм æдзæмæй алæудæй

Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæлвырд политикон тыхтæ дарддæр дæр хæцынц Гуырдзыстоны реваншистон хъуыдыты фарс æмæ фæлварынц нырыккон истори сфальсификаци кæнын. Уымæн æвдисæныл президент нымайы, Æхсæнадæмон уголовон тæрхондон 2008 азы æфсæддон конфликты цаутæ кæй зыгъуыммæ кæны æмæ агрессорæй Гуырдзыстоны нӕ, фӕлӕ Уæрæсейы кӕй ӕвдисы, уыцы хъуыддаг.

"Уый фæдыл сидын парламентмæ æмæ курын, цæмæй уагъд æрцæуой цæттæгæнæн куыстытæ, уый фæстæ та УФ-йы Паддзахадон Думæйы раз æрæвæрой Гуырдзыстоны æрдыгæй 1920, 1989-1991 æмæ 2008 æзты хуссарирыстойнаг адæмы ныхмæ геноциды фарст", — загъта президент.

Уыимæ иумæ, бӕстӕйы сӕргълӕууӕг зæрдыл æрлæууын кодта, цыппар азы фæстæ хуссайраг ирæтты геноцидыл кæй сæххæст уыдзæн 100 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0