Цхинвалы ссардтой фӕмардуӕвӕг Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты нӕмттӕ

© Пресс-служба парламентаЦхинвалы ссардтой фӕмардуӕвӕг Фыдыбӕстӕ хъахъӕнджыты ном
Цхинвалы ссардтой фӕмардуӕвӕг Фыдыбӕстӕ хъахъӕнджыты ном - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрбалӕугӕ бӕрӕгбоны цытӕн Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕн раафӕ кодтой республикӕйы президент ӕмӕ спикер.

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik. Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны цытӕн Цхинвалы дидинтӕ сӕвӕрдтой Мады Майрӕмы аргъуаны цур Хъынцъымгӕнӕг зӕды цыртыл.

Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты фӕзуатмӕ ӕрбамбырд сты сӕдӕгай адӕймӕгтӕ, хицауады минӕвӕрттӕ ӕмӕ цӕрджытӕ хастой дидинтӕ Хъынцъымгӕнӕг зӕды цыртмӕ.

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕн бӕрӕгбоны цытӕн раафӕ кодтой президент Тыбылты Леонид ӕмӕ парламенты сӕрдар Бибылты Анатолий.

Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны фӕдыл бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ республикӕйы аивтой Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Ӕгъуызарты Тамерланы сӕргълӕууӕджы амӕлӕты тыххӕй. Хуссар Ирыстоны 21 февраль президенты барамындмӕ гӕсгӕ уыд фыдохы бон.

Ног хабӕртты лентӕ
0