Зындгонд поэт Ходы Камал йӕ 75 азы юбилей банысан кодта Цхинвалы

© Sputnik / Фатима ПлиеваХоды Камалы юбилей Цхинвалы
Ходы Камалы юбилей Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Юбиляры президенты барамындмӕ гӕсгӕ схорзӕхджын кодтой Кады Орденӕй ӕмӕ парламенты Кады грамотайӕ, уымӕй дарддӕр ма йын ныммыхуыр кодтой йӕ чиныг дӕр.

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Ирон аив дзырды дæсны, Ирыстоны фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Ходы Камалы 75 азы юбилей майрӕмбоны цытджын ӕгъдауӕй банысан кодтой Цхинвалы.

Юбилей уагъд ӕрцыд ПККЗ "Чермен"-ы, фойейы бакодтой Ходы Камалы чингуыты равдыст дӕр. Райдайӕны ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ссардтой Цӕгат Ирыстоны —Аланийы сӕргълӕууӕг Ӕгъуызарты Тамерланы рухс ном.

Уый фӕстӕ юбиляры рахуыдтой сценӕмӕ ӕмӕ йыл ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕмбӕлдысты ӕртӕ уӕлибӕх ӕмӕ кады нуазӕнимӕ.

© Sputnik / Плиты ФатимаХоды Камалы юбилей Цхинвалы
Ходы Камалы юбилей Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ходы Камалы юбилей Цхинвалы

Мадзал бакодта Ирыстоны фысджыты ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон, уый раафӕ кодта йӕ цӕгаттаг коллегӕйӕн ӕмӕ йын бавдыста, Хуссар Иры йын лӕвары хуызы цы чиныг рауагътой йӕ юбилеймӕ, уый.

Ходы Камалӕн ма йӕ юбилейы цытӕн раарфӕ кодта РХИ президент Тыбылты Леонид дӕр ӕмӕ йӕ схорзӕхджын кодта Кады Орденӕй.

"Кадджын лӕгӕн — Кады Орден. Стыр сты дӕ хуынтӕ ирон литературӕ ӕмӕ ӕвзаджы райрӕзты хъуыддаджы, ӕмӕ дарддӕр дӕр ӕнтыстджын уӕд дӕ архайад", — загъта президент.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЮбиляры президенты барамындмӕ гӕсгӕ схорзӕхджын кодтой Кады Орденӕй
Юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Юбиляры президенты барамындмӕ гӕсгӕ схорзӕхджын кодтой Кады Орденӕй

Ходы Камалы юбилеймӕ ӕрӕмбырд сты Хуссар Иры къухдариуӕгад, интеллигенци ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, афтӕ ма уазджытӕ Цӕгат Ирыстонӕй.

Афтӕ ма юбилейон мадзалы сӕ архӕстдзинад равдыстой кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль "Симд", ансамбль "Амонд", адӕмон инструментты оркестр "Айзӕлд" ӕмӕ ӕндӕр аивадон коллективтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0