РХИ, ДАР æмæ ЛАР-ы парламенттæ бафысдзысты фæндты фæдыл меморандум

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Документы бафыст снывонд кæндзысты хуссарирыстойнаг парламенты сырæзты юбилейы бæрæгбонмæ.

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент хъавы Донецкаг æмæ Луганскаг адæмон республикæты парламенттимæ фæндты фæдыл меморандум бафыссын, фехъусын кодта Sputnik æддагполитикон æмæ æхсæнполитикон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Игорь.

Документ хорзыл банымадтой парламенты президиумы уæнгтæ.

"Мах фæнд кæнæм документы бафыст снывонд кæнын хуссарирыстойнаг парламенты сырæзты юбилеймæ, кæцы нысан цæудзæн апрелы. Уый цытæн республикæйы уагъд æрцæудзысты мадзæлттæ, фæнды нæ фæхонын нæ коллегæты Донецк ӕмӕ Луганскӕй, кæцытимæ нын ис хæларадон æмæ партнерон æмахастытæ", — загъта комитеты сæрдар.

Уый банысан кодта, парламент ма кæй фæнд кæны æмгуыстады фæдыл бадзырд бафыссын Абхаз æмæ Цæгат Ирыстонимæ дӕр. Ацы документтыл ма хъæуы къухтæ æрфыссын.

Хуссар Ирыстон Донецкаг адæмон республикæйы хæдбардзинад банымадта 2014 азы 27 июны. Раздæр, уыцы мæйы, Цхинвал банымадта Луганскаг адæмон республикæйы хæдбардзинад.

2015 азы апрелы Донецк æмæ Луганскы байгом сты Хуссар Ирыстоны минæварадтæ. Уыцы мæйы Хуссар Ирыстоны байгом сты Луганскаг адæмон республикæ æмæ Донецкаг адæмон республикæйы минæварадтæ.

Ивгъуыд мæйы Хуссар Ирыстоны президент снысан кодта минæвæртты Донецкаг æмæ Луганскаг адæмон республикæты.

Ног хабӕртты лентӕ
0