РХИ парламент хорзыл банымадта Абхаз æмæ ДАР-имæ бадзырдты проекттæ

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламенты депутаттæ
РХИ парламенты депутаттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты Абхаз æмæ Донецкаг адæмон республикæйы парламенттимæ æмгуыстады фæдыл бадзырдты проекттыл.

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik, Козаты Дианæ. Парламенты депутаттæ дыццæджы хорзыл банымадтой Донецкаг адæмон республикæйы Адæмон советимæ æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл меморандумы проект, ссесийы æркастмæ документ рахаста æддагполитикон æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты разамонæг Коцты Игорь.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, текст развæлгъау арвыстой донецкаг коллегæтæм æмæ ныртæккæ цæуы ацы документ бафыссыны фæдыл куыст.

"Ахæм документ ма бафыст æрцæудзæн Донецкаг адæмон республикæимæ дæр, уыдонмæ дæр арвыстам документы проект, фæлæ дзуапп нæма райстам", — загъта Коцты Игорь.

Депутаттæ ма райстой Абхазы Адæмон Æмбырдимæ æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл проект дæр.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ, ДАР æмæ ЛАР-ы парламенттæ бафысдзысты фæндты фæдыл меморандум

Документты бафыст нывонд æрцæудзæн хуссарирыстойнаг парламенты сырæзты юбилеймæ, кæцы нысан цæуы 25 апрелы.

Хуссар Ирыстон Донецкаг адæмон республикæйы хæдбардзинад банымадта 2014 азы 27 июны. Раздæр, уыцы мæйы, Цхинвал банымадта Луганскаг адæмон республикæйы хæдбардзинад.

2015 азы апрелы Донецк æмæ Луганскы байгом сты Хуссар Ирыстоны минæварадтæ. Уыцы мæйы Хуссар Ирыстоны байгом сты Луганскаг адæмон республикæ æмæ Донецкаг адæмон республикæйы минæварадтæ.

Ивгъуыд аз, майы Хуссар Ирыстоны президент снысан кодта минæвæртты Донецкаг æмæ Луганскаг адæмон республикæты.

Ног хабӕртты лентӕ
0