Ахæстыты æдасдзинады тыххæй скъуыддзаг æрцыд мидхъуыддӕгты министрады изолятор рацаразын

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæМидхъуыддӕгты министрады изолятор
Мидхъуыддӕгты министрады изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта рæстæгмæдарæн изолятор рацаразын, цæмæй уагдон дзуапп дæтта æнæмæнгхъæуæг домæнтæн.

ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад æрæвнæлдта слестгæнæн изоляторы реконструкцимæ — ахæм скъуыддзаг ист æрцыд, ацы аз январы изолятормæ бацæуæны ахæстытæй иуы кæй амардтой, уый фæстæ, фехъусын кодта ведомствӕйы сæргълæууæг Лæууойты Æхсар.

Милицийы кусджытӕ, кӕцытӕ ӕруагътой ахстуӕвӕджы фехсыны цау, хъуамӕ ӕрцӕуой ӕфхӕрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Милицийы кусджытӕ, кӕцытӕ ӕруагътой ахстуӕвӕджы фехсыны цау, хъуамӕ ӕрцӕуой ӕфхӕрд

Январы мӕйы мидхъуыддӕгты министрады рӕстӕгмӕ бакӕныны изолятормӕ бацӕуӕны раз фехстӕуыд дӕлтӕрхонон Тъотъоты Ацӕмӕзы, кӕцыйы милицийы кусджытӕ ӕрбакодтой тӕрхоны залӕй. Ахӕсты фехста, Тъотъойы фырт аххосджын цы аварийы уыд, уым цы сылгоймӕгтӕ фӕмард сты, уыдонӕй сӕ иуы лӕппу. Инциденты фæстиуæгæн министрад ауагъта басгæрст, изоляторы кусджытæй цалдæры ныхмæ баконд æрцыдысты уголовон хъуыддæгтæ.

"Уый размæ изолятормæ бацæуæн уыд активон змæлдимæ фæндаджы æрдыгæй, уый та ахæм уагдоны домæнтæн дзуапп нæ дæтта. Уый нымæцы ацы аххосагæй январы фæмард ахæстæттæй иу. Уый уыд нæ аххос æмæ нæхи нæ раст кæнæм. Фæлæ мах æвæстиатæй райсам мадзæлттæ æмæ аскъуыддзаг кодтам реконструкци ауадзын, цæмæй слестгæнæн изолятор дæтта дзуапп æппæт æнæмæнгхъæуæг домæнтæн", — загъта министр.

Уый ма фехъусын кодта, генералон прокуратурæ кæй бакодта уголовон хъуыддаг. Аххосджынтæ æвзарæны рæстæгмæ иуварс æрцыдысты сæ куыстæй. Сæ аххосы бæрц бæлвырд æрцæудзæн слестгæнæн куыстыты фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0