Алайнаг епархи Ленингоры аразы Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуан

© Sputnik / Ада БагианЛаргъвисы аргъуан
Ларгъвисы аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныры онг Ленингоры районы Алайнаг епархийӕн нӕ уыд аргъуан. Арӕзтад райдыдта апрелы мӕйы. Фӕстӕдӕр ам фадат уыдзӕн Алайнаг епархийӕн Хуыцаумӕ скуывдтӕ ӕмӕ дзуарӕфтыдтӕ уадзын.

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы райгуырды бӕрӕгбон 21 сентябры Ленингоры районы Хуыцаумӕ скуывдтӕ ауадздзысты ног арӕзт аргъуаны, фехъусын кодта Sputnik Алайнаг епархийы динамонӕг, фыд Иаков Хетӕгкаты.

Ныры онг Ленингоры районы Алайнаг епархийӕн нӕ уыд аргъуан. Арӕзтад райдыдта апрелы мӕйы. Фӕстӕдӕр ам фадат уыдзӕн Хуыцаумӕ скуывдтӕ ӕмӕ дзуарӕфтыдтӕ уадзынӕн.

"Арӕзтад цӕуы Ленингоры поселочы центры. Финансон хӕрдзтӕ сӕхимӕ райстой не ‘мбӕстӕгтӕ Кӕркуысты Дзамболат ӕмӕ Уанеты Ӕхсар. Аргъуан хӕсдзӕн Мадымайрӕмы ном ӕмӕ дзы йӕ райгуырды бон хъуамӕ ауадзӕм фыццаг службӕ. Уый фӕстӕ ам радгай службӕтӕ уадздзысты нӕ епархийы динамонджытӕ", — загъта динамонӕг.

Фыд Иаков ма банысан кодта, зӕгъгӕ, аргъуан йе ‘ддаг бакастӕй уыдзӕн Мӕскуыйы Мадымайрӕмы рагондӕр аргъуанмӕ ӕнгӕс.

"Ног аргъуанӕн проект сцӕттӕ кодта нывгӕнӕг, архитектор Гаглойты Багир. Уыдзӕн ын тынг рӕсугъд ӕддаг хуыз", — загъта уый.

Афтӕ ма епархийы динамонджытӕ фӕнд кӕнынц Дзауы районы дӕр ахӕм аргъуан саразын.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0